филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:08 воскресенье, 14 декабря 2025
21 ноября 2019, 18:03
Ацы азы кæронмæ 66 сидзæр сывæллонæн ратдзысты сæхи цæрæнуæттæ

Уый тыххæй Битарты Вячеславæн кусæг фембæлды фехъусын кодтой хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис

Ацы азы кæронмæ 66 сидзæр сывæллонæн ратдзысты сæхи цæрæнуæттæ. Уый тыххæй Битарты Вячеславæн кусæг фембæлды фехъусын кодтой хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис. Ныхас ма цыд социалон гарантитæ дæттыны æмæ социалон къабазы рæзты фарстатыл. Республикæйы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй сидзæр, æмæ æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, ахæм  сывæллæттæн хæдзæрттæ дæттыны хъуыддагмæ хъуамæ министр бæстон цæст дара. Национ проект «Демографи» æххæст кæнгæйæ, нæ республикæйы кæнынц 55 хуызы социалон фиддоны æмæ пособийы. Уыимæ сæ æххæст кæнынц 100 % онг. Мадæлон капиталы фиддонтæ дæр ацы азæн æххæстæй бафыстой, загъта Хуыбаты Барис. Фембæлды ма ныхас цыд мæгуырдзинадимæ тохы программæйыл. Райдыдтой уал æй Рахизфарсы районы Раздзоджы æххæст кæнын. Стыр æргом аздæхтой иннæ ахсджиаг фарстатæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania