филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:59 среда, 17 декабря 2025
16 декабря 2025, 09:32
Ацы бонты 125 азы сæххæст Абайты Васойы райгуырдыл

Зындгонд ахуыргонд, Уæрæсейы наукæты академийы академик, профессор, филологон наукæты доктор, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы 2 хатты лауреат

Ацы бонты 125 азы сæххæст Абайты Васойы райгуырдыл. Зындгонд ахуыргонд, Уæрæсейы наукæты академийы академик, профессор, филологон наукæты доктор, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы 2 хатты лауреат. Йе сгуыхтдзинæдтæ æмæ йын йæ хæрзиуджытæ æгæронæй нымайæн ис. Стыр æвæрæн бахаста наукæйы райрæзтмæ. У бирæ куыстыты автор æвзагзонынадæй, ирайнаг æмæ ирон æвзæгтæ иртасынæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Мадæлон æвзаджы Абайты Васо бæлвырд уыдта национ ныфс æмæ истори. Куыд загъта, афтæмæй йæ уый разæнгард кæны. Æппæтцæдисон æмæ ма суанг дунеон æмвæзады номдзыд хъуыдыгæнæг йæ цард снывонд кодта ирон æвзаг иртасынæн. Æвзагзонынады бындурыл реконструкци скодта йæ адæмы историйæн. Сбæлвырд кодта ирон кæй хауы индоевропейаг æвзæгты ирайнаг къордмæ. Стъæлф сæвæрдта æмæ абон зындгонд у, ирæттæ алантæ сты, скифты æмæ сæрмæтты фæдонтæ.

Профессор, филологон наукæты доктор, Советон Цæдисы наукæты академийы æвзагзонынады институты хистæр наукон кусæг. Абайты Васо райгуырд 1900-æм азы Къобы. Зонындзинæдтæм тырнындзинад хуымæтæг хохаг бинонтæй лæппуйы æрбакодта Петрограды университетмæ. Уырдыгæй райдыдта йæ наукон къахвæндаг.

Абайты Васо стыр æвæрæн бахаста бæстæйы æмæ дунейы этимологон наукæмæ. 300 куысты автор сфидар кодта иртасыны историон-барæн хуыз. Æмæ æрмæст уый нæ. Йæ бындурон куыстытæй иу у «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат». Æвдыст дзы цæуы ирон дзырдты равзæрд дунейы 190 æвзаджы æрмæгыл.

Абайты Васо баиу кодта филологи, истори, этнографи. Йæ «Нарты кадджыты» иртæстытæн стыр аргъ скодта наукон æхсæнад. Уый фæрцы нартæзонынад  сси наукæйы хицæн къабаз.

Абайты Васо у дунеон æмвæзады ахуыргонд. Йæ куыстытыл ныхас цыд Парижы, Лондоны, Тегераны, æмæ ныры онг сты ирайнаг æвзæгты æмæ адæмты равзæрды æмæ райрæзты тыххæй дискусситæн бындур.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania