Гениалон прозаикы æмæ драматурджы сфæлдыстад фидарæй æрбынат кодта дунейы литературæйы сызгъæрин фонды
Ацы бонты 160 азы сæххæст зындгонд уырыссаг фыссæг, дунеон литературæйы классик Антон Чеховы райгуырдыл. Гениалон прозаикы æмæ драматурджы сфæлдыстад фидарæй æрбынат кодта дунейы литературæйы сызгъæрин фонды. Чеховы æнæмæлгæ уацмыстæ ацы бонты хъуысынц нæ бæстæйы алы рæтты. Уæлдайдæр та йæ райгуырæн Таганроджы. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ фыссæджы райгуырæн бонмæ сарæзтой видеобастдзинад Таганроджы æмæ Венгрийы филологтимæ. Наукон мадзалы архайджытæ дзырдтой Чеховы ахадындзинадыл 21-æм æнусы. Стыр æргом аздæхтой, студенттæн кæй амонынц, уыцы фæзилæнтæм. Антон Чеховы уацмыстæ ратæлмац кодтой 100 æвзагмæ. Йæ пьесæтæ, уæлдайдæр та «Чайка», «Æртæ хойы», «Вишневый сад» бирæ азты дæргъы сты дунейы театрты хæзнатыл нымад. Чехов 25 азы сфæлдыстадон куыст кæнгæйæ, ныффыста 500 алыхуызон уацмысы. Бирæтæ систы дунейы литературæйы классикæйыл нымад. Видеобастдзинад саразыныл бакуыста нæ университеты уырыссаг филологийы факультет.




