Организацийыл сæххæст 20 азы. Бирæ азты размæ йæхимæ райста ирон æвзаг, культурæ, æгъдæуттæ, истори бахъахъхъæныны хæс æмæ йæ æххæст кæны.
«Ирон адæмы уæлдæр совет»-ы юбилейы кадджын мадзæлттæ цыдысты ирон театры. Бæрæгбонмæ ссыдысты бирæ уазджытæ, Уæрæсейæ æмæ фæсарæнты цæрæг ирæтты æхсæнадты минæвæрттæ.
Æмбырды республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз кады гæххæттытæй схорзæхджын кодта æхсæнады активондæр архайджыты, йæ фыдыуæзæгæй чи адард, фæлæ йыл иузæрдион чи у, уыдоны.
Юбиляртæн арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид. «Стыр Ныхас»-ы архайд йæ царды сæйрагдæр хæс кæмæн сси, ирон культурæ æмæ æвзаг бахъахъхъæнынмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, æхсæнадон куыст разæнгардæй чи кæны….уæлдай аргъ та скодтой «Иры уæлдæр совет»-ы сæргълæууæг Басаты Барисы куыстæн дæр. Се ппæты дæр схорзæхджын кодта «Хæлардзинады орденæй».
Юбиляртæн раарфæ кодта республикæйы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев дæр.
