Фыссæг, публицист, драматург, уый у æмбырдгондты, таурæгъты æмæ радзырдты автор
Ацы бонты 85 азы сæххæст уыдаид Тедеты Георгийыл. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты рауагъдон, инженер-металлург йæ ахуырадмæ гæсгæ. Йæ бон уыдис зынгæ ахуыргонд суæвын, фæлæ равзæрста сфæлдыстадон фæндаг. Фыссæг, публицист, драматург, Тедеты Георгий у æмбырдгондты, таурæгъты æмæ радзырдты автор. Йæ уацмыстæй фæхъæздыгдæр кодта ирон литературæ æмæ драматурги. Бирæ азты уыд журнал «Дарьял»-ы бæрнон секретарь. Тедеты Георгий уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта «Нарты кадджытæ». Курдиатджын сфæлдыстадон адæймаджы тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Курдиатджын, рæстаг, уарзаг – цард, аивад æмæ йæ алыварс адæмы. Ахæм уыд Тедеты Георгий. Фыста, йæ зæрдæйæн хæстæг цы уыд, уый тыххæй. Йæ уацмыстæй чиныгкæсджыты æргом здæхта сæйрагдæрмæ, æнусон фарстатæм. Адæмы зæрдæты гуырын кодта ныфс æмæ размæ тырнындзинад. «Огненное колесо», «Серебряный рог», «Ночная охота»… Тедеты Георгий у дæсгай таурæгъты æмæ радзырдты автор. Йæ ирддæр уацмыстæй иу у «Черная жемчужина».
Фæстæмæ акæсгæйæ, рæдыдтытæ мауал скæнын. Ууыл ахуыр кодта Тедеты Георгий. Уырныдта йæ рухс фидæн, æмæ ууыл æууæндын кодта иннæты дæр. Хуымæтæг адæймаг уæвгæйæ, фысгæ дæр хуымæтæг æвзагæй кодта. Æнæ уæлдай ныхæстæй æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæй. Цæмæй алкæмæндæр йæ хъуыды æмбæрстгонд уа, афтæ.
Фæлæ дзæгъæлы мæт кодта. Тедеты Георгий та радон хатт равдыста – йæхи иннæтæй уæлдæр кæй нæ кодта, уый. Цытджын ахастдзинад æм уыд, æрмæст йе *мкусджытæм нæ, фæлæ фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыцы журналисттæм æмæ фысджытæм дæр. Чысыл æнтыстдзинæдты тыххæй дæр-иу раппæлыд, рæдыд-иу куы бафиппайдта, уæд та-иу æй фæлмæнæй бацамыдта, цæмæй адæймагæн ма фæхъыг уа, афтæ.
Кæддæриддæр уыд дæнцæг. Æмкусджытæн – куыд фыссæг, хиуæттæн – куыд аккаг адæймаг. Рæстæгимæ ницы аивта. Тедеты Георгийы ном æмæ йæ цардмæ цæстæнгас абон дæр мысынц.
Æдзухдæр уыд хъуыддагыл æфтыд, цыма йын уæгъд рæстæг æппындæр нæ уыд, фæлæ уæддæр никуы рох кодта бинонты тыххæй. Уыд сæ фарсмæ алы уавæры дæр. Йæ чызджытæн Тедеты Георгий æрмæст уарзон фыд нæ уыд, фæлæ ма стыр хæлар дæр. Уыдис ын цавæрфæнды сусæгдзинæдтæ дæр раргом кæнын.
Бинонтæ æмæ куыст уыдысты Тедеты Георгийы царды сæйрагдæр хæзнатæ. Бирæ сахатгай-иу уыд куысты, журнал «Дарьял»-ы редакцийы, ахсджиаг фарстатæ лыггæнгæйæ. Фæлæ уыимæ равзæрст цардвæндагыл никуы фæфæсмон кодта. Цыма фæллайгæ дæр никуы кодта, афтæмæй ныфсимæ каст цавæрфæнды зындзинæдтæм дæр.
Тедеты Георгий не хсæн нал ис, фæлæ йæ фæстæ цы фæд ныууагъта, уый æнустæм нæ фесæфдзæн. Йæ ном цæрдзæн ирон литературæйы, чиныгкæсджыты зæрдæты. Йæ уацмыстæ сæ ахадындзинад нæ сафынц. Фæнды сæ ногæй кæсын æмæ фæлтæрæй фæлтæрмæ хæццæ кæнын.
