Зæгъæн ис, æмæ уый æххæстæй йæ цард снывонд кодта театрæн, сценæйæн, аивадæн
Ацы бонты 95 азы сæххæст фыццаг ирон оперон режиссер, Уæрæсейы адæмон артист, Цæгат Ирыстоны æмæ Украинæйы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны музыкалон театры бындурæвæрæг æмæ разамонæг Лекъты Юрийы райгуырдыл. Зæгъæн ис, æмæ уый æххæстæй йæ цард снывонд кодта театрæн, сценæйæн, аивадæн. Лекъты Юрий байгом кодта ирыстойнаг оперæйы истори. Йæ алывæрсыг курдиаты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Йæ ном фыст æрцыд нæ бæстæйы музыкалон культурæйы азфысты. Лекъты Юрий – фыццаг ирыстойнаг оперон режиссер, Уæрæсейы адæмон артист. Бындур сæвæрдта æмæ 35 азы разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон музыкалон театрæн.
Цæргæбонты лæггад кодта аивадæн. Сценæ сси – æгæрон тыхтæ йын чи лæвæрдта, ахæм бынат. Ирыстоны цæрджытæн фæндаг радта оперæйы дунемæ. Йæ фæрцы республикæйы цæрджытæ базонгæ сты ахæм классикон уацмыстимæ, куыд «Демон», «Кармен», «Пиковая дама», «Укрощение строптивой», «Фауст», «Огни в горах», æмæ афтæ дарддæр. Музыкалон сценæмæ рахаста уырыссаг æмæ ирыстойнаг композиторты æнæмæлгæ уацмыстæ. Гергиты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй йын уыд иттæг хорз профессионалон стиль æмæ цæстæнгас.
Репетицитæм-иу бавнæлдта уæлдай цымыдисæй. Ам лыстæг хъуыддæгтæ нæ уыд. Ахсджиагыл нымадта артисты уæнгты алы фезмæлд дæр. Уымæ гæсгæ-иу спектакльтæ уыдысты ирд, сæхимæ лвæстой суанг фæстаг аккорды онг дæр.
Культурæйы зындгонд архайæгимæ куыст йæ зæрдыл бадардта Уæрæсейы адæмон артисткæ Цæллагты Эмилия дæр. Оперон зарæггæнæг зæгъы, Лекъты Юрий хъуыды кодта алы мизансценæйыл дæр. Уыимæ-иу алывæрсыгæй раргом кодта алы хъайтары дæр.
Лекъты Юрий спектакльтæ æвæрдта Киевы, Львовы, Одессæйы, Пермы æмæ Воронежы оперон театрты дæр. Йæ режиссеры курдиат, раст цыма цы рæстæджы царди, уымæй раздæр тахти, афтæ. Уæвгæ та музыкалон æмæ театралон аивадмæ цы æвæрæн бахаста, уымæн аккаг аргъ скæнын ныр дæр ма зын у.
