Архайдтой дзы Уæрæсейы алы регионты минæвæрттæ.
Ацы бонты Артекы уыд 5-æм æппæтадæмон медиафорум. Архайдтой дзы Уæрæсейы алы регионты минæвæрттæ. Се хсæн Цæгат Ирыстоны æвзонг журналисттæ дæр. Фидæны уацхæсджытæ оператортæ æмæ видеомонтажертæ равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ, æмæ систы алыхуызон хæрзиуджыты аккаг. Уый сын сæ тыхыл тых бафтыдта, æмæ ныр сæ зæрдæ дарынц ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтыл.
Ацы авд æвзыгъд, цымыдис æмæ зæрдæргъæвд сабийы уæндон къахдзæфтæ кæнынц информацион тыгъдады. Æрæджы дæр ма ацы сывæллæттæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой фæндзæм æппæтадæмон медиафорумы Артекы. Уæд сæ къухы бирæ бафтыд. Призеры цалдæр бынатæй уæлдай ма рамбылдтой командон гран-при. Фидæны уацхæсджытæ, оператортæ æмæ видеомонтажертыл фыр цинæй сæ фæллад бæрæг дæр нæ дары. Æвдисынц сæ дипломтæ, æмæ дзурынц, дыууын иу боны дæргъы сæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдоны тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, семæ сæ фæлтæрддзинадæй фæхай кодтой æппæты хуыздæр специалисттæ. Къорды разамонæг у Паддзахадон телерадиокомпани Аланийы кусæг Александр Пашков.
Алы сабийæн дæр ис йæхи нысантæ фидæнмæ. Алкæйы дæр дзы фæнды схизын йæ рвзæрст дæсныйады бæрзæндтæм. Фæлæ цæмæй дæ размæ æвæрд нысанмæ æнцонæй схизай, уый тыххæй хъæуы хи фæлтæрын. Уымæн та Артекы уацхæсджыты пунктæй хуыздæр бынат не ссардзынæ. Цæгатирыстойнаг командæйы къухы бафтыдис уыцы диссаджы ранмæ ацæуын æмæ хи æцæг журналистæй банкъарын.
Абон та кæсынц, Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы регионалон филиалы куыст куыд цæуы, уымæ. Райсом та гæнæн ис, æмæ æнæхъæн бæстæйæн хъусын кæндзысты федералон хабæрттæ. Сывæллæттæ нын радзырдтой, журналистикæмæ куыд æрбацыдысты, уый тыххæй.
«Артек» кæдфæндыдæр рæстæгимæ æмдзу кодта. Цæмæй æппæты рухсдæр бæллицтæ дунемæ рауадзой, уый тыххæй сывæллæттæ пайда кодтой нырыккон технологитæй. Фæлæ ацы хатт бынтон диссæгтæ равдыстой.
Сывæллæттæ дарддæр дæр фæнд кæнынц сæ равзрст фæндагыл цæуынмæ. Уырны сæ, бирæ сын кæй бантысдзæнис, уый. Сæхи фæлварынц алы къабæзты, æмæ сæ бон у телеуынады равдыстытæ дæр цæттæ кæнын.




