филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:01 воскресенье, 19 мая 2024
14 апреля 2022, 12:19
Ацы бонты Бедойты Русланы райгуырдыл сæххæст 75 азы

Уæлдæфон авиацийы инæлар-майор раст сси патриотизмы ирд дæнцæг

Уæларвон тыгъдад йæхиуыл æххæстæй чи банкъардта, уыдонæй иу уыд зындгонд тæхæг Бедойты Руслан. Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 75 азы. Уæлдæфон авиацийы инæлар-майор раст сси патриотизмы ирд дæнцæг. Йæ царды хъæбатырдзинад иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыста. Дыууæ хатты æххæст кодта интернационалон хæс, активонæй кодта æхæснадон куыст. Рæзгæ фæлтæр ын кодтой æгæрон аргъ. Уымæн æмæ Бедойты Руслан аргъ зыдта лæгдзинадæн, кадæн æмæ намысæн. Стæй уарзта йæ фыдыбæстæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Дзæуджыхъæуы сæрмæ æнкъард арв цыма легендарон тæхæгыл æрхæндæг кæны, афтæ у. Йæхæдæг дæр уыцы уæларвон тыгъдад иу æмæ дыууæ хатты нæ банкъардта. Бедойты Русланы райгуырдыл сæххæст 75 азы. Йæ ном æрымысынмæ йын æрбацыдысты йæ хæлæрттæ æмæ хиуæттæ, йæ цардвæндагимæ цы адæмимæ сбаста, уыдон. Фæсивæд æй сæхицæн хастой дæнцæгæн. Йæ хорз хъуыддæгтæй стъалыйау æрттывта йæ райгуырæн бæстæйæн æцæг патриотты æмрæнхъ. Райгуырæн зæххмæ уарзондзинады тыххæй арæх дзырдта фæсивæдимæ фембæлдтыты. Æнæвгъауæй сын лæвар кодта йæ зонындзинæдтæ æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ.

Уæлдæфон авиацийы инæлар-майор Бедойты Русланы ном рагæй дæр сси патриотизмы синоним. Ацы дæсныйад равзæрста йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Йæ боны уыди хорз дохтыр кæнæ спортсмен суæвын. Астæуккаг скъола каст фæци иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Уый фæстæ бацыд Ейскы авиацион училищæмæ.  Равзæрстой йæ 120 претендентæй. Стæй 30 азы æфсæддон службæ, дарддæр ахæццæ кодта йæ фыд фронтовик Бедойты Харитоны фырт Алыксандры сгуыхтдзинæдтæ, Уый тох кодта инæлар Плиты Иссæйы кавалерийы рæнхъыты. Бедойты Русланы зæрдæйы кæдфæндыдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ ахста æппæты стырдæр бынат.

Бедойты Русланы зæрдæ уыди æгæрон арф, алы хъуыддаджы дæр рæстдзæвин. Йе мкусджытæ дзы дзырдтой – энциклопедийы фаг зонындзинæдтимæ адæймаг, зæгъгæ. Йæ фæлтæрддзинадимæ æдзух зонгæ кодта рæзгæ фæлтæры. Йæ разамындæй «Лæгдзинады уроктæ» æмæ «Уæлахизы ахуыртæ» цыдысты арæх, сывæллæттæ та сæм иу æнхъæлмæ кастысты зæрдиагæй. Фæсивæды зæрдæтæм иу æвæстиатæй ссардта фæндаг æфсæддон историмæ уарзондзинады, стæй кад æмæ намысыл тох кæныны тыххæй. Уыцы миниуджытæ йæхимæ уыдысты æххæстæй.

Йæ царды хъæбатырдзинæдтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыди. Йæ интернационалон хæс сæххæст кодта дыууæ хатты. Йе фсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй та хорзæхгонд æрцыди «Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æвсæддон тыхты службæйы» 3-аг къæпхæны орденæй æмæ «Иттæг хорз службæ»-йы тыххæй та майданæй. Республикæйы ветеранты советы кодта активон куыст, уыди Адæмон фронты эксперт.

Бедойты Руслан не хсæн нал ис дыууæ азы. Йæ цардæй ахицæн æнæнхъæлæджы, йæ уарзон аэродроммæ чи нал æрыздæхдзæн, уыцы хæдтæхæгау.

Нарты эпосы хъайтартау тыхджын, куырыхон, æцæгæйдæр алывæрсыг хъаруджын адæймаг куыд тыхæй, афтæ зондæй, стæй фидар удыхъæды, уыцы иу рæстæг та хæлар æмæ фæлмæнзæрдæ адæймаг. Русланы ацыд бирæтæн сси хи трагеди.

Руслан райгуырд космонавтикæйы бон, æмæ уый дæр æвæццæгæн хуымæтæджы нæ. Адæймагмæ афтæ кæсы, æмæ æгæрон галактикæмæ уыди цыфæнды адæймагæй дæр хæстæгдæр. Уæвгæ, йæхæдæг йæ уды цыма æнæхъæн дуне хæссы, афтæ касти адæймагмæ. Кæддæр, хæлар мидбылхуыдтимæ Сунжæйаг гыццыл лæппу йæ царды сæйрагдæр хæсыл банымадта уæларвон тыгъдад басæттын, æмæ йын бантыст.

Уый та йæ райгуырæн боны у хъуынтыз, цыма йе фсæддон хæдтæхæгыл арвыл чи нал æрзилдзæн, уыцы адæймагыл калы йæ цæссыг, уыйау.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania