филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:27 воскресенье, 12 мая 2024
24 октября 2012, 09:45
Ацы бонты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гулуты Хизир сбæрæг кодта йæ 85 азы юбилей

Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ, уый йæхи хъæбатырæй равдыста. Хорзæхгонд æрцыд Сырх Стъалыйы, стæй Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ордентæй.

Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ, уый йæхи хъæбатырæй равдыста. Хорзæхгонд æрцыд Сырх Стъалыйы, стæй Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ордентæй. Абон у Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы ветеранты Советы сæрдар.

Гулуты Хизирæн хæст райдыдта 1942-æм азы
фæззæджы. Йе рыгон ирхæфсæн бонтæ 16-аздзыд лæппу уайтагъд ферох кодта.
Хъуыдис æй Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын. Архайдта тохты Дзæуджыхъæуæй
Донецкы онг. Ветеран куыд зæгъы, афтæмæй йын сæйрагдæр уыд Кавказы тох.

Гулуты Хизир, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
ветеран: «Алагир куы райстой фыццаг ноябры, уæд дыккаг бон та ам
уыдысты. Джызæл райстой. Уæд æз бахаудтæн уыцы уæззау тохмæ. Уыдтæн
снайпер. Цы хæслæвæрдтæ мын лæвæрдтой, уыдон æххæст кодтой. Ам сæххæст
кодтой 4 хæслæвæрды».

Хæсты рæстæг Хизир фæцæф 5 хатты. Фæстаг
хатт Донецкы 1945-æм азы январы. Йæ къух ныппырх ис æмæ йæ сæхимæ
рарвыстой. Уæлахизы боныл сæмбæлд йæ уарзон Ирыстоны. Абон ветеранмæ ис
бæллиц, цæмæй фæсивæд ахæм зындзинæдтæ макуы бавзарой.

Гулуты Хизир, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
ветеран: «Ныр фæсивæд нæ фæстæ сты. Хæст макуы фенæнт. Спорты дæр, алы
ран дæр разæй куыд уой, ахæм амонд сын Хуыцау радтæд».

Ацы бонты хæствæллад хистæр Гулуты Хизир сбæрæг кодта йæ 85-æм гуырæн бон. Юбилярæн раарфæ кодтой йæ хæлæрттæ æмæ æмкусджытæ.

Сабеты Виктор, РЦИ-Аланийы ветеранты
Советы сæрдары хæдивæг: «Бирæ азты ма нын дзæбæхæй куыд фæцæра,
кæстæртæн зонд куыд амона. Дæнцæг у æппæт фæсивæдæн дæр. Бирæ азты ма
нын дзæбæхæй куыд цæра, ахæм амонд Хуыцау саккаг кæнæд».

Хизир абон дæр æгуыстæй нæ лæууы. У
Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы ветеранты Советы сæрдар. Æрвылбон æм сæ
риссаг фарстатимæ æрбацæуынц адæм. Архайы сæ алкæмæндæр баххуыс кæныныл.
Ууыл æй сахуыр кодта хæст.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania