филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:59 вторник, 16 декабря 2025
17 марта 2014, 16:57
Ацы бонты газет «Рæстдзинад»-ыл æххæст кæны 91 азы

Уый фæдыл республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министр Хæбæлаты Фатимæ паддзахадон хæрзиуджытæ радта адæмон газеты хуыздæр куысджытæн.

Министр фæбæрæг кодта «Рæстдзинад»-ы редакци стыр æвæрæн кæй бахаста æмæ хæссы мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. «Ирыстоны намысы» майдантæ радтой сæйраг редактор Фидараты Булатæн, йæ хæдивджытæ Багаты Авраам æмæ Малиты Хасанæн. Кады гæххæттытæй схорзæхджын кодтой сæрмагонд уацхæссæг Бутаты Эльзæйы, рекламæйы хайады редактор Бызыккаты Земфирæйы, социалон райрæзты хайады хицау Дедегкаты Зæлинæйы, стæй хистæр корректор Саутæты Тамиллæйы. Хæбæлаты Фатимæ ма сын иу хатт раарфæ кодта, æмæ сын йæ зæрдæ загъта сæ куысты фылдæр æнтыстдзинæдтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania