филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:57 суббота, 12 июля 2025
10 декабря 2014, 17:39
Ацы бонты йæ 40 азы юбилей сбæрæг кодта Горæтгæрон районы сывæллæтты нывкæнынады скъола

Бындур æвæрд ын æрцыд иу уаты æмæ уæдæй нырмæ раивта 5 бынаты. Фæстаг 22 азы сывæллæтты ныв кæныныл ахуыр кæнынц районы Культурæйы галуаны 6 къласы. Ис дзы 100 сабийæ фылдæр. Графикæ, æрдзы нывтæ, натюрморттæ, пластилинæй æмæ æндæр æрмæджытæй сурæттæ аразын, алцæмæ дæр хорз арæхсынц сабитæ.

75436
Ацы бонты йæ 40 азы юбилей сбæрæг кодта Горæтгæрон районы сывæллæтты нывкæнынады скъола. Бындур æвæрд ын æрцыд иу уаты æмæ уæдæй нырмæ раивта 5 бынаты. Фæстаг 22 азы сывæллæтты ныв кæныныл ахуыр кæнынц районы Культурæйы галуаны 6 къласы. Ис дзы 100 сабийæ фылдæр. Графикæ, æрдзы нывтæ, натюрморттæ, пластилинæй æмæ æндæр æрмæджытæй сурæттæ аразын, алцæмæ дæр хорз арæхсынц сабитæ. Сæ юбилейон азмæ цæттæ кæнгæйæ скъолайы хъомылгæнинæгтæ архайдтой Самарæ, Мæскуы æмæ Екатеринбургы равдыстыты æмæ дзы систы уæлахиздзаутæ. Сластой дзы дипломтæ æмæ лæвæрттæ. Японийы цы равдыст уыд «Япони сывæллæтты цæстытæй кæсгæйæ», уырдæм та арвыстой 20 нывы æмæ дзы 7 куыстæн радтой сызгъæрин майдантæ, иуæн та æвзист майдан. Уыдонæй 2 уыдысты наминаци «Гран при»-йы аккаг. Ахæм æнтыстдзинæдтимæ сæмбæлд скъола йæ 40 азы юбилейыл.

Хъараты Гусаты Эльзæ, Горæтгæроны районы сывæллæтты аивæдты скъолайы директор: «Сывæллæттæ сты тынг зæрдæргъæвд, уарзынц скъола æмæ уыцы равдыстыты фыццаг бынæттæ кæй рцахстой, уый дæр цыма хуыцауы лæвар у нæ юбилеймæ».

Бураты Вячеслав, Горæтгæрон районы сывæллæтты аивæдты скъолайы ахуырдзау: «Ацы скъоламæ æрбацыдтæн иннæ нывгæнджыты куыстытæм куы бакастæн уæд. Уый уыд Леонардо да Винчи, Микеланджело, Рафаэль. Уыцы нывгæнджытæ мæ зæрдæмæ тынг цæуынц, уый тыххæй æз дæр æрбацыдтæн ныв кæныныл ахуыр кæнынмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania