филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:07 пятница, 05 июля 2024
26 августа 2014, 17:11
Ацы бонты Мæскуымæ атæхын æмæ фæстæмæ ссæуын у 20000 сомы

Фæстаг рæстæг хæдтæхджытыл тæхыны аргъ кæй фæфылдæр, уый адæмы тынг тыхсын кæны. Мæстджын та дзураг у, æмæ адæм хъаст кæныны алы рæттæм.

73900
Фæстаг рæстæг хæдтæхджытыл тæхыны аргъ кæй фæфылдæр, уый адæмы тынг тыхсын кæны. Мæстджын та дзураг у, æмæ адæм хъаст кæныны алы рæттæм.
Зæгъæм, Америкмæ, Пекинмæ, Берлинмæ, Дублинмæ, Барселонæмæ атæхыны билеты аргъ дæр Мскуыйы билетимæ иухуызон сыстынц.
Кæд ма мæй размæ Дзæуджыхъæуы аэропорты билет балхæнæн уыд 6000-7000 сомæй. Уæд ныр 15000-æй къаддæр не ссардзынæ. Уæвгæ алы хатт дæр ног ахуыры азы райдиан афтæ вæййы.
Цæмæн, цымæ? Уый сбæрæг кæнæныл архайдта не сфæлдыстадон къорд дæр. Æмæ нын аэропорты куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уыдон 2013 азæй аргътæ нæ аивтой. Ницы бар сæм дарынц туристон фирмæтæ дæр.
Хъаныхъуаты Аллæ, Дзæуджыхъæуы аэропорты хистæр экономист: «Билеты аргъæй аэропорты хай у æрмæстдæр 2 мины бæрц. Стæй махæн бар нæй æргътыл æфтауын. Махæн нæ куыст афтæ у æмæ цалынмæ Мæскуйыйæ «фейс» ссæуа, уæдмæ мах кусæм зæронд фæткмæ гæсгæ. Ацы уавæрмæ дæр мах ницы бар дарæм. Цас ахæсдзæн, уый мæ бон зæгъын нæу. Фæлæ мæм куыд кæсы, афтæмæй ацы азы кæронмæ».
Солтанты Сослан , туристон агендады турагент: «Билетты аргъ авиакомпанитæ сæхæдæг сæвæрынц. Хи организацитæ сты æмæ сæ куыд фæнды, сæ специалисттæ куыд нымайынц, афтæ сæ скæнынц. Адæм та цы фæуой? Цæуынц, æлхæнынц зынаргъæй – æндæр гæнæн сын нæй».
Хæдтæхджытыл тæхынæн билетты æргътæ бæрзонддæр кæнынц авиакомпанитæ. Уæвгæ сын ахæм бар ис.
Фæлæ уæддæр билеттæ æгæр зынаргъ кæй сты, уымæ гæсгæ хъуыддагмæ бæстондæр кæсы Цæгат Ирыстоны монополиты ныхмæ тохгæнæг службæ. Хъуамæ скæной мониторинг æмæ раиртасой ахоссæгтæ. Цалдæр авиакомпанимæ уал арвыстой фыстæджытæ сæ фарстатимæ. Дзуапп куы райсой, уæд сбæрæг уыдзæн, монополиты ныхмæ закъоны сæрты ахызтысты æви нæ, уый.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania