Не мзæххонтæ дзы равдыстой хорз цæттæдзинад. Æмæ сын скодтой аккаг аргъ. Уæвгæ авиамоделистты ерыстæ сты æнæмæнг хъæугæ, зæгъынц сæ тренертæ. Ныр не спорсментæ архайдзысты дунеон ерысты Румынийы.
Мамытты Сæрмæтæн хæдтæхджытæ æмæ планертæ аразын у йæ уарзондæр куыст. Уæларвмæ стæхыны размæ та йын вæййы цалдæр фæллойадон мæйы. Æрæджы нæ республикæйы авиамоделисттæн сæ курдиат раргом кæныны фадат фæци регионалон ерысты Кæсæг-Балхъары. Не мзæххон Мамытты Сæрмæт дзы æрыгæтты хсæн уæлахиздзау сси уæрæсейаг ерысты таймерон модельты номинацийы, стæй рамбылдта Европæ æмæ Азийы Кубок. Цæгат Ирыстоны спортсментæй ма иу Максим Поляков та сси спорты мастертæм кандидат. Ацы модель та скодта Александр Кузнецов. Зæгъæн ис, æмæ дзы бавæрдта йæ уд. Уымæ гæсгæ йын ерысты скодтой аккаг аргъ. Рамбылдта æвзист майдан æмæ Дунейы Кубокы къæпхæн. Уæвгæ авиамоделистты ерыстæ сты æнæмæнг хъæугæ, зæгъы тренер Мæрзойты Игорь. Ам сæ фæлтæрддзинадыл бафты, стæй сын фадат фæвæййы сæ курдиат ирддæрæй раргом кæнынæн.
Мамиаты Владимир, РЦИ-Аланийы авиамоделон спорты Федерацийы президент: «Тынг æхсызгон нын уыди, ахæм хорз кæй равдыстам нæхи, уый. Уый æнцон хъуыддаг нæу. Хæдтæхæг канд скæнын нæ хъæуы, фæлæ ма йæ стæхын кæнын фæхъæуы».
Нæ авиамоделистты коллекцийы ис бирæ хуызты планертæ: резиннæ мотортимæ æмæ таймерон хæдтæхджытæ. Сæ автортæ Александр Кузнецов æмæ Мамытты Сæрмæт Кæсæг-Балхъары ерысты хатдзæгтæм гæсгæ хаст æрцыдысты Уæрæсейы æрыгæтты иугонд командæмæ.
Мамытты Сæрмæт, авиамоделист: «Авиамодельный скъоламæ æз бацыдтæн 6 азы размæ. Мæ зæрдæм тынг цæуы. Цымыдисаг куыд нæу ахæм спорты хуыз».
Хистæр кары спорсменты хсæн турниры æвзист майдан рамбылдта Мæрзойты Олег. Æмæ сси Уæрæсейы спорты мастер. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй модель хъуамæ уæлдæфы æртæ минутæй къаддæр ма фæуа.
Мæрзойты Олег, авимоделист: «Æз ацы спорты бирæ архайын. Æмæ уыцы рæстæгмæ бирæ модельтæ арæзт æрцыд. Ныртæккæ уыдыстæм ерысты, æмæ дзы равдыстам хорз цæттæдзинад».
Ууыл не спорсментæ не рлæудзысты. Ныр архайдзысты дунеон ерысты Румынийы. Фæлæ уал уый размæ сæ зонындзинæдтæ равдисдзысты республикон турниры.




