филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:28 воскресенье, 19 мая 2024
05 ноября 2013, 11:10
Ацы бонты сæ профессионалон бæрæгбон сбæрæг кодтой тæрхондæтты пъырыстыфтæ

Цæгат-Ирыстойнаг управленийы кусджытæн раарфæ кодта сæ разамонæг Гæцойты Светлана, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, терчы хъазахъхъæгты, стæй æхсæнады минæвæрттæ.

Цæгат-Ирыстойнаг управленийы кусджытæн раарфæ кодта сæ разамонæг Гæцойты Светлана, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, терчы хъазахъхъæгты, стæй æхсæнады минæвæрттæ. Фыццаг хатт сæ профессионалон бæрæгбон сбæрæг кодтой управленийы 25 ног кусæджы дæр. Уæрæсейы Федерацийы конституцийыл ныхас радтой, сæ хæстæ кадимæ кæй æххæст кæндзысты, уый. Тæрхондæтты пъырыстыфты федералон слуюжбæйы цæгатирыстойнаг управленийы 28 кусæгæн радтой ног цинтæ.

Икъаты Мæдинæ, тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы кусæг: «Абон махæн у нæ профессиооналон бæрæгбон. Æз æй фыццаг хатт бæрæг кæнын æмæ бузныг зæгхын нæ хицауадæн, кæй ныл баууæндыдысты, уый тыххæй».

Царахаты Хъазыбег, тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæдивæг: «Абон у махæн нæ бæрæгбон, ног кусджыты райстам нæ рæнхъытæм, æмæ мæ фæнды, цæмæй сæ бынат ссарой мах æхсæн. Нæ хуыздæр кусджыты абон сбæрæг кодтам, хæрзиуджытæ сын радтам, æмæ нæ тынг фæнды, цæмæй абон цы æрыгон фæсивæд райстам нæ рæнхъытæм, уыдон дæр сæ хъуыддæгтæм куыд тырной, ахæм арфæ сæ уæд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania