филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:17 вторник, 18 июня 2024
19 января 2022, 12:55
Ацы бонты сæхи фатертæй дæгъæлтæ радтой 11 сидзæр сывæллонæн

Фатертæ сты цалцæггонд, ис дзы хицæн хъармгæнæнтæ, сантехникæ æмæ коммуналон лæггæдтæ бæрæггæнæн кусæнгæрзтæ

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны фатер райсыны рады лæуынц мин æмæ 400 сидзæр сывæллонæй фылдæр, стæй æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, ахæм кæстæртæ. Ацы бонты та сæхи фатертæй дæгъæлтæ радтой 11 адæймагæн. Фатертæ сты цалцæггонд, ис дзы хицæн хъармгæнæнтæ, сантехникæ æмæ коммуналон лæггæдтæ бæрæггæнæн кусæнгæрзтæ.  Сосранты Жаннæ радзурдзæн бæстондæр.

Се нкъарæнтæ сты æнæкæрон! Ацы сидзæр сывæллæттæ рагæй æнхъæлмæ кастыты ацы бонмæ. Ныр систы хи цæрæнуæтты хицæуттæ. Хадарцаты Аслæбеджы номыл уынджы сын радтой фатертæ. 11 адæймаджы райстой сæ хæдзæртты дæгъæлтæ. Цæрынмæ сты цæттæ. Алцæмæй æххæст.  Фарон  сидзæр сывæллæттæн лæвæрд æрцыд 75 цæрæнуаты, уыимæ республикæйы районты.

Малтъызты Ольга, дæгъæлтæ райста гыццыл раздæр. Ныр йæхи фатеры дуæрттæ кæнгæйæ, мысы йе фсымæртæ æмæ хотимæ куыд бахауыдысты сидзæр сывæллæтты хæдзармæ, æнæнхъæлæджы йæ ныййарджытæ куыд фæмардысты, сæ цард  æххуырсгæ фатеры, уыимæ йæ ныййарæджы хæс йæхи сабитæ хъомылгæнгæйæ. Фæлæ абонæй фæстæмæ йæ царды райдайдзæн ног хай.  Абоны бонмæ æнхъæлмæ каст дæс азы. Йæ цинæн кæрон нæй, бадзырдта йæ цардæмбадмæ, иумæ аразынц сæ къæс дарддæр аив кæныны фæндтæ.

Агуридурæй конд ног хæдзар. Райдзаст æмæ ирд уæттæ. Ис дзы æппæт хъæугæ коммуникацитæ, рухс, дон, хъарм. Сидзæр сывæллæттæ цæрæнуæттæй сæххæст кæныны  Федералон нысанон  программæ  республикæйы кусы  2007 азæй фæстæмæ.

Фæллойы æмæ социалон райрæзты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй сидзæр сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонты цæрæнуæттæй сæххæст кæнын, алкæддæр уыдзæн республикæйы хицауады фыццаградон фарстатæй иу. Абоны бонмæ рады лæууы  1400 адæймагæй фылдæр. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ 2021-æм азæй уыцы хъуыддагæн æхцайы фæрæзтæ фылдæр дих кæнын кæй райдыдтой. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ рады лæуджыты нымæц тагъддæр кæй фæкъаддæр уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania