филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:23 суббота, 28 сентября 2024
31 октября 2019, 13:50
Ацы бонты Цæгат Ирыстоны мысынц 1992-æм азы цаутæ

30-æмæй 31-æм октбрьмæ æхсæв Горæтгæрон районы бацайдагъ сты æхстытæ

Ацы бонты Цæгат Ирыстоны мысынц 1992-æм азы цаутæ. 30-æмæй 31-æм октбрьмæ æхсæв Горæтгæрон районы бацайдагъ сты æхстытæ. Адæмы ма цы бамбарын хъуыд, æмæ чи хæцæнгарз райста, чи та йæ кæстæрты æдас рæттæм раласта. Быцæу цыд къуыримæ хæстæг. Уыцы цауты рæстæг дыууæрдыгæй дæр æрцыдысты зиантæ, знон, абон æмæ хæстæгдæр бонты сæ номыл цæудзысты номарæн мадзæлттæ. Уыцы цауты рæстæг Тыбылаты Барисы бинонтæ, йе фсымæр æмæ сæ хæствæллад фыд цардысты Черменыхъæуы.

Тыбылаты Барисæн йæ мад Серафимæ æмæ фыд Дзæрæхмæт кæрæдзиуыл сæмбæлдысты Чермены хъæуы. Фæлæ уый агъоммæ дыууæйæ дæр бавзæрстой фыдыбæстæйы стыр  хæсты цæхæр. Симæ бавзæрста Ленинграды блокадæ. Дзæрæхмæт та райгуырæн уæзæг знагæй чи хъахъхъæдта, уыцы сахъгуырд лæппутæй иу. Алчи дæр сæ цыд йæхи фæндагыл, фæлæ сæ Фыдыбæстæйы хæст баиу кодта. Симæ блокадæйы уацæрæй, Ладæгæйы цадыл æрбахæццæ Чермены хъæумæ. Уыцы рæстæгмæ Дзæрæхмæты фыд Солæман æмæ мад Разиат дæр блокадæйы рацæуын æмæ рæстæгмæ æрцард Чермены хъæуы. Дзæрæхмæт та уæззау цæфтæй сыздæхт хæстæй. Уыцы рæстæгмæ йæ мад æмæ фыд кæрдзыны хъæуæй рацыдысты æмæ уыдон дæр æрбынат кодтой ацы хъæуы.

Фæлæ дохтыр цæмæй тарст уый не рцыд, уый хыгъд Дзæрæхмæт базонгæ Симæимæ, кæрæдзийы бауарзтой æмæ сбастой сæ цард. Рацыдис сын цот. 1 чызг æмæ 4 лæппуйы. Фæрнджын бинонтæ уыдысты дæнцæгæн хæссинаг. Уарзонæй хъомыл кодтой сæ цот. Æмæ кæд Дзæрæхмæты хъæдгæмттæ нæ байгас сты, бонæй бонмæ йыл кодтой тых, уæддæр  йæ хъæбулты  æмæ уыдоны кæстæрты цинæй цард.  Амондджыныл нымадтой сæхи Симæ æмæ Дзæрæхмæт. Æрмæст бинонты цард фæмынæг, сæ уарзон мад æмæ Бабу Серафимæ йæ цардæй куы ахицæн уæд. Уый фæстæ та ног æвзарæн. 1992-æм азы  хæствæллад салдаты бахъуыд йæ уарзон æмбалимæ цы рæссугъд ахстон сбыдтой уый ныууадзын. Уæдмæ сæ кæстæртæ уыдысты бинонджын. Хистæр – Барисæн  уыд 5 фырты

Мæнæ амæн афт зæгъын, сылгоймæгты нæ зоныс. …. Фсымæримæ фæстæмæ рацыдыстæм.

Барис æмæ йæ фсымæр Ацæмæзы  зæрдæ æхсайдта йæхи æмæ кæстæр фсымæры бинонтæм, чи нæ бакумдта лидзын уыцы 2 хистæр фыртмæ. Æмæ кæд Дзæуджыхъæу æмæ Черменыхъæуы хсæн бирæ нæй, уæддæр фæстæмæ фæндаг ныддæргъвæтин. Ам райдыдтой  сæ лæгæвзарæн цаутæ. Ацæмæзæн фæцæф йæ къах, Барисæн та йæ хъæдгом ноджы арфдæр разынд æмæ йæ хъуыд дохтырты æххуыс. Фæлæ та ам дæр сæ фæдыл райхъуыстысты гæрæхтæ. Афтæмæй лæппутæ сæ фæндаг акодтой Ольгинскæйыл. Уый фæстæ рынчындон, дохтырты æххуыс æмæ реабилитаци. Æппæт уыцы зындзинæдты сæрты Барис ахыст йæ кæстæрты цардыл хъуыд кæнгæйæ. Ныфс та йын лæвæрдтой йæ  фсымæртæ. 4-æй дæр цæрынц æнгом, фæрныг бинонтæй. 27 азмæ сæ кæстæрты ноджы фылдæр баисты, куыд фæзæгъынц, сæхæдæг куывды фаг дæр сты. Зæгъæм абон  Барисæн йæ цоты цот сты 13, æмæ ма уыдонæн дæр фæзынд фæдон Сæрмæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania