филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:50 суббота, 31 января 2026
28 июня 2019, 14:45
Ацы фæлладуадзæн бонты Цæгат Ирыстоны сæмбырд уыдзысты бæстæйы тыхджындæр армрестлертæ

Уæрæсейы 22 субъекты 200 спортсмены архайдзысты Еналдыты Аслæнбеджы номарæн турниры.

Ацы фæлладуадзæн бонты Цæгат Ирыстоны сæмбырд уыдзысты бæстæйы тыхджындæр армрестлертæ. Уæрæсейы 22 субъекты 200 спортсмены архайдзысты Еналдыты Аслæнбеджы номарæн турниры. Ерыстæ арæзт цæуынц физкультурæ æмæ спорты министрады æмæ армрестлингы федерацийы хъæппæрисæй. Нæ республикæйы иугонд командæйы сты Мæккæты Иринæ, Байаты Миланæ, Хъайырты Мæдинæ, Церехъаты Роман, Золойты Сослан, Хуыбаты Ирбек, Фæрниаты Игорь, Таутиаты Георгий æмæ æндæртæ. Турнир райдайдзæн 10 сахатыл. Еналдыты Аслæнбег бирæ азты уыди Советон Цæдисы уæззау атлетикæйы иугонд командæйы уæнг. Бантыст ын бирæ рекордтæ скæнын. Зæгъæн ис, æмæ нæ республикæйы спорты ацы хуызæн бындур сæвæрдта Аслæнбег.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania