филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 вторник, 16 декабря 2025
09 апреля 2014, 16:58
Ацы къуыри сбæрæг уыдзæн Æрæфы районы бынæттон администрацийы разамынды хъысмæт

Бирæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы куыд загътой, афтæмæй ацы къуыри сбæрæг уыдзæн Æрæфы районы бынæттон администрацийы разамынды хъысмæт.

Ацы къуыри сбæрæг уыдзæн Æрæфы районы бынæттон администрацийы разамынды хъысмæт
Бирæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы куыд загътой, афтæмæй ацы къуыри сбæрæг уыдзæн Æрæфы районы бынæттон администрацийы разамынды хъысмæт. Ныр афæдзы рдæг районæн ис рæстæгмæйы разамонæг. Куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæны йæ размæ æвæрд хæстæ. Уыимæ районы цæрджытæн сæйрагдæр хъуыддаг у – æмбæлгæ уавæртæ.

Хæххон хъæу Мацутæйы скъоламæ ахуыр кæнынмæ цæуынц хæстæг хъæуты сабитæ. Иу къласы ис дыууæ-æртæ ахуырдзауы. Уырыссаг æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг Гæмаонты Алинæ йæхæдæг дæр ацы скъола каст фæцис. Куыд зæгъы, афтæмæй уæдæй нырмæ хъæуы ницы аивта. Хæххон цард раздæр куыд зын уыди, ныр дæр афтæ.

Гæмаонты Алинæ, Мацутæйы скъолайы ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг: «Хохы адæмæн сæ фыццагдæр зындзинад у быдырмæ рацæуын. Æмæ нæм фæндæгтæ нæй. Сты æвзæр уавæры. Ныр та ма, ацы афон хуыртæ дæр æзмæлынц, фæкæлынц æмæ зын цæуæн у. Æмæ нæ фæнды, уыцы хъуыддагмæ нын куыд æркæсой, уый».

Мацутæйы цæрджытæ дæр, куыд иннæ хъæуты адæм, афтæ сæ зæрдæ дарынц æрмæст сæхиуыл. Уымæн æмæ сæм фæстаг æртæ азы районы разамынд йæ цæст нал дары. 2013-æм азы сентябры цы æвзæрстытæ ацыд, уыдоны районы сæргълæууæг афтæ дæр не сбæрæг. Æмæ кæд адæмæн уыцы хъуыддаг сæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр сæ не `вдæлы ууыл сагъæс кæнынмæ. Цыколайы цæуы скъолайы арæзтад. Проект æххæст кæнынц федералон фæрæзтæй. Ныртæккæ куыстытæ сты сæ тæмæны, æмæ 1-æм сентябры ам ахуыр кæныны бар уыдзæн 640 скъоладзауæн.

Медойты Ирбег, сæйраг бригадир: «Амайæм, иу уæладзыг уал скодтам, ныр дыккагмæ бахæццæ стæм, куыстытæ хъуамæ ацæуой хорз хъуыддагыл».

Æрæфы хуыйæн фабрикæ дæр архайы раздæрау. «Кæддæр бафæрæзтам рацарæзтæн, æмæ нын ныр тас нал у»,- зæгъынц адæм. Ам хуыйынц кусæн дзаумæттæ. Фæллой дзы кæны 50 адæймаджы. Сты районы цæрджытæ.

Ныртæккæ Æрæфы районы æппæт хъуыддæгтæн дæр дзуапп дæтты бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Зехъеты Хетæг. Куыд зæгъы, афтæмæй æнцон нæу, фæлæ сæ бон куыд у, афтæ архайынц.

Зехъеты Хетæг, Æрæфы районы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг: «Цы рæстæг ралæууыдис ныр, се ппæты куыд фæнды, афтæ арæзт нæ уыд нæ царды пълан, æмæ нæ ныр фæнды, ахæм зæрдæтæ нын æвæрынц, бамбæрстой кæрæдзийы, кæй сæвзæрстам уыцы депутатæ æрцыдысты иу хъуыдымæ, æмæ тагъд рæстæджы ахæм зæрдæ æвæрд ис, æмæ æнхъæлмæ кæсæм, уыцы рæстæг куы ралæууа, уæд се ппæтæн дæр уыдзæн æнцон».

Районы ахæм уавæр цас ахæсдзæн, уый бæрæг нæу. Фæлæ Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы куыд зæгъынц, афтæмæй тагъд рæстæг уавæр сбæрæг уыдзæн.

Ольга Маркова, РЦИ-Аланийы Центрон æвзарæн къамисы секретарь: «Бæрæггонд æрцыд Æрæфы районы организацион æмбырд. Уым лыггонд æрцæудзысты æппæт фарстатæ дæр. æвзæрст æрцæудзæн районы сæргълæууæг, стæй бынæттон администрацийы разамонæг. Рагæгъоммæ партиты уæнгтæ ныхас кодтой æмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ».

Центрон æвзарæн къамисы æмбарын кæнынц – муниципалон сконды, стæй бынæттон администрацийы сæргълæуджытæ уыдзысты «Иугонд Уæрæсейы» æмæ «Уæрæсейы патриотты» минæвæрттæ.

Адæм сæ зæрдæ дарынц, æмæ ацы уынаффæ кæй уыдзæн нывыл æмæ сæ цард хорзырдæм кæй аивдзæн, ууыл.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania