филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:31 суббота, 21 сентября 2024
17 октября 2012, 10:18
Ацы къуыри сбæрæг уыдзæн, хъизæмаргæнæг æфсæддон-Иоанны номыл аргъуаны сæргълæууæджы ном

Ацы къуыри сбæрæг уыдзæн, хъизæмаргæнæг æфсæддон-Иоанны номыл аргъуаны сæргълæууæджы ном. Ног аргъуан аразын райдыдтой Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы дыууæ азы размæ.

Ацы къуыри сбæрæг уыдзæн, хъизæмаргæнæг æфсæддон-Иоанны номыл аргъуаны
сæргълæууæджы ном. Ног аргъуан аразын райдыдтой Дзæуджыхъæуы Намысы
Аллейæйы дыууæ азы размæ. Уæд ын бындур сæвæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд
Патриарх Кириллы кадджын хистæр, чырыстон дины зындгонд архайæг
схиархимандрит Илий. Ам æхсай азы размæ ныгæд æрцыд йæ фыд, салдат
Афанасий. Раздæр нымад уыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг æбæрæгæй
сæфтыл. Архитекторты хъуыдымæ гæсгæ аргъуан арæзт уыдзæн дзуары хуызы.
Зындзæн дзы национ æрмдзæф дæр. аргъуаны къултæй иуы æвæрд æрцæудзæн
бронзæ капсул, ацы арфæйаг хъуыддаг саразыныл чи бакуыста, уыдоны
нæмттимæ. Се хсæн ис алы кары æмæ алы къабæзты кусæг адæм. Аргъуан
саразынæн æхца æмбырд кодтой æртæ азы бæрц. Бæстыхайы арæзтад кæронмæ
фæуыдзæн дыууæ мин цыппæрдæсæм азы райдианмæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania