филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
07 июня 2022, 11:54
Ацы къуырийы кæронмæ эксплуатацийы ратдзысты туаггуыры дыууæ станцæй

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Тебиаты Сослан

Ацы къуырийы кæронмæ эксплуатацийы ратдзысты туаггуыры дыууæ станцæйы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Тебиаты Сослан. Министры ныхæстæм гæсгæ ноджыдæр дыууæ станцæйы нæ республикæмæ сласдзысты хæстæгдæр рæстæг. Æмбырды ма ныхас цыд, ног корпусы арæзтадæн æмæ зæронд пульмонологон центры рацарæзтæн проектон-сметон документаци бацæттæ кæныныл. Моргуаты Константин куыд загъта, афтæмæй фарстамæ йæ цæст дардзæн Самарæйæ сæрмагонд компани. Раздæр уый проект арæзта тагъд æххуысы клиникон рынчындоны инфекцион корпусæн. Арæзтады министрады разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй ныридæгæн бакуыстой техникон хæслæвæрды æппæт фарстатыл.

Ныхас цыд Æрыдоны объекттыл дæр. Бæлвырддæр та спорткомплексыл. Моргуаты Константины ныхæстæм гæсгæ подрядчик ныридæгæн аипдзинæдтыл бакуыста, æмæ зæрдæ бавæрдта ацы къуырийы кæронмæ кусæнгæрзтæ æвæрд кæй æрцæудзысты, уымæй. Районы центры цы сыгъдæггæнæнæтæ ис, уыдоны рацарæзт æнма райдыдта. Уыимæ проектон-сметон документаци у цæттæ, куыстытæм та нæма бавнæлдтой, фæрæзт дихгонд кæй не рцыдысты, уымæ гæсгæ. Объектæн хъæуы миллиард сомæй фылдæр. Сергей Меняйло ацы хъуыддагыл дзургæйæ, фаутæ рхаста районы администрацийы куыстмæ, æмæ бадомдта куыстытæ æвæстиатæй райдайын. Цæгат Ирыстоны разамонæг ма бахаста фæндон, цæмæй фæрæзты фарста лыггонд цæуа къæпхæнгай.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania