филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:39 суббота, 31 января 2026
17 июля 2019, 13:04
Ацы мæйты арæх фенæн ис кæлмытæ

Æмæ сæ кæд бирæтæ дардмæ дæр тæрсынц, уæд ис ахæмтæ дæр, æмæ сæ йæ хæдзары чи дары

Ацы мæйты арæх фенæн ис кæлмытæ. Суанг ма бирæтæн сæ хæдзæрттæм дæр бабырынц. Ацы хилджыты цард наукон æгъдауæй чи иртасы, уыдон зæгъынц – июны æмæ июлы кæрæдзийæн фæагурынц къæйттæ, уымæ гæсгæ сыл арæхдæр ис фембæлын. Æмæ сæ кæд бирæтæ дардмæ дæр тæрсынц, уæд ис ахæмтæ дæр, æмæ сæ йæ хæдзары чи дары. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм Дзæуджыхъæуы цæрæг сылгоймаджы. Моргуаты Ладæ радзурдзæн, куыд ис калмы хæдзары дарын, уый тыххæй.

Хи хæдзары фенæн ис алы хуызон цæрæгойты, фæлæ калм – уый стæм хат. Дзæуджыхъæуы ис ахæм хæдзар. Калм Антоны хицау у æрыгон сылгоймаг – Галина Бонь. Æмæ нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы калмы хæцт маргджын нæу. Антоныл цæуы афæдз, ома лæппын нал у, фæлæ йæ хъомыл дæр не схондзынæ. Ис йын уæлдæф кæдæм цæуы, ахæм къоп. Уый нымайы йæ хæдзарыл æмæ дзыдæргъвæтин рæстæг нæ рацæуы.

Кæрты дæр калм Антон йæхи æнкъары тынг хорз. Уарзы дуртæ æмæм бæлæсты бырын. Уым йыл адæймаджы цæст не рхæццæн. Йæ хицауы ныхæстæм гæсгæ йæ хæдзары хилак цæрæгой адæймагыл йæхи никуы баппардзæн, у хæларзæрдæ. Цы фæнды калм дæр æрдзæй у афтæ конд æмæ йæ куы ничи хъыгдара, уæд уый дæр нæ фæхæццæн. Æрмæстдæр æххормаг ма уæд. Хæринаг та йын дæттын хъæуы мæй æмæ æрдæг иу хатт.

Кæлмæн адæйаг у æгæр стыр, уымæ гæсгæ йæхæдæг фыццаг нæ фæхæццæн. Фæлæ кæд æнæнхъæлæджы афтæ рауад æмæ адæймаджы размæ калм фæцис, уæддæр хъæр кæнæн нæй. Хъæуы цыд фæсабыр кæнын æмæ æрлæууын. Уæд гæнæн ис æмæ калм дæ уынгæ дæр нæ фæкæдзæн æмæ дæ рæсты абырдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania