филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:02 пятница, 17 мая 2024
12 октября 2022, 12:02
Ацы мæйы райдиан сбæрæг кодтам ацæргæ адæймаджы æппæтадæмон бон

Уæвгæ та æнæхъæн мæй хистæр кары адæммæ цæудзæн бæстон цæстдард, æмæ сæ номыл арæзт цæудзысты алыхуызон ирхæфсæн мадзæлттæ

Ацы мæйы райдиан сбæрæг кодтам ацæргæ адæймаджы æппæтадæмон бон. Уæвгæ та æнæхъæн мæй хистæр кары адæммæ цæудзæн бæстон цæстдард, æмæ сæ номыл арæзт цæудзысты алыхуызон ирхæфсæн мадзæлттæ. Уæлдай æргом здæхт цæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ыетерантæм. Сæ иу – Алексей Шевченко нæ программæйы хъайтар, æмæ йемæ аныхас кодта не сфæлдыстадон къорд.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Алексей Шевченкойыл цæуы 96 азы. У цардуарзаг адæймаг. Алы бон дæр зилы йæ цæхæрадонмæ. Феххуыс ын кæнынц хæдзары цæрæгойтæ – 4 гæдыйы æмæ куыдз. Йе мбал Саукуыдз 12 азы дæргъы æмхиц цард кæны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгимæ.

Æппæт фарстатæ уыцы кары йæ бон алыг кæнын нæу. Æххуыс ын кæнынц социалон кусджытæ. Гуыбаты Светланæ алы бон бабæрæг кæны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы. Æрбахæссы йын хæринаг, хостæ, бафснайы хæдзар. Йæ цæст дары, цæмæй пенсиисæгæн зын ма уа. Æрæджы хæдзары хуылфы фæзынд къахавæрæн. Нырмæ уыд æддейы. Зæронд лæджы æнцойадæн ма хъæуы æрмæстдæр хæдзар сцалцæг кæнын.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг кæд æддæмæ арæх нæ фæцæуы, уæд ын ныр ис сæрмагонд хабар – æрбахуыдтой йæ ацæргæ адæймаджы боны кадæн цы бæрæгбон скодтой, уырдæм.

Ацæргæ адæймаджы бæрæгбоны кадæн Алагиры бацæттæ кодтой фынг, уый фæстæ та уазджытæн равдыстой концерт. Пенсиисджытæн уыд æхсызгон ирон зарджытæм байхъусын. Артистты арæхстдзинадмæ кæсгæйæ бирæтæ сæхæдæг дæр райдыдтой кафын.

Хистæрты бахъæлдзæг кæнынмæ æрбацыдысты сабитæ дæр. Рæвдауæндоны сывæллæттæ бацæттæ кодтой музыкалон равдыстытæ æмæ бакастысты æмдзæвгæтæ.

Социалон лæггæдты центры хæс у хистæртæн æххуыс кæнын канд бæрæгбæтты рæстæг нæ. Ацæргæ адæм æххуыс исдзысты алы бон дæр, цæмæй «сыгъзæрин кары» адæмæн уа æнцондæр цæрын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania