филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:02 среда, 17 декабря 2025
05 марта 2018, 13:50
Ацы нысанимæ Алагиры районы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хайады уæнгтæ сарæзтой адæмимæ фембæлд

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, уынгты фæлгонц æмæ инфраструктурæйы райрæзт – ацы курдиаттимæ цыдысты бынæттон цæрджытæ.

Ацы нысанимæ Алагиры районы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хайады уæнгтæ сарæзтой адæмимæ фембæлд
Лыггæнинаг фарстатыл бакусын. Ацы нысанимæ Алагиры районы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хайады уæнгтæ сарæзтой адæмимæ фембæлд.
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, уынгты фæлгонц æмæ инфраструктурæйы райрæзт – ацы курдиаттимæ цыдысты бынæттон цæрджытæ. Уыдис ахæмтæ дæр, æмæ материалон æххуысмæ чи æрбацыд. Къадзты Зитæ у спортсменкæ, фæнды йæ цæмæй йын партийы уæнгтæ æхцайæ баххуыс кæной, Уæрæсейы чемпионаты армхæстæй архайынмæ. Куыд загъта, афтæмæ 3 сывæллонимæ ацы бæллиц зын сæххæст кæнын у. Уый размæ Зитæ фыццаг бынат бацахста республикон чемпионаты, æмæ йæ ныр фæнды йæ тых федералон æмвæзадыл ноджы тыхджындæртимæ абарын. Ахæм фембæлдтытæ адæмимæ, Алагиры районы партийы уæнгтæ аразынц алы къуыри дæр, æмæ цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй се ххуыс у хъомысджын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania