филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:13 суббота, 18 мая 2024
13 августа 2014, 11:42
Ацы сæрд цалдæр стыр уæрæсейаг туристон операторы нымад æрцыдысты банкроттыл

Уый тынг бахъыгдæрдта туризмы къабазы архайд. Бирæ адæм баззадысты фæсарæнты, кæмæндæрты та уæвгæ дæр нæ бантыст сæ путевкæтæй спайда кæнын. Уыдоны `хсæн ис

73697
Уый тынг бахъыгдæрдта туризмы къабазы архайд. Бирæ адæм баззадысты фæсарæнты, кæмæндæрты та уæвгæ дæр нæ бантыст сæ путевкæтæй спайда кæнын. Уыдоны `хсæн ис цæгатирыстойнаг туристтæ дæр.

Хæребаты Мария йæ фæлладуадзæн рæстæгмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта 6 мæйы размæ. Æрæмбырд кодта æхца, райста фæсарæйнаг паспорт. Фæндыдис æй Барселонæмæ кæнæ Копенгагенмæ ацæуын. Фæлæ цалдæр стыр уæрæсейаг туристон операторы банкроттыл нымад æрцыдысты, уый куы базыдта, уæд дызæрдыг кæнын райдыдта.

Хæребаты Мария: «Нæ мæ фæндид, цæмæй ме `хца дæр, стæй мæ рæстæг дæр фесафон. Фæллад уадзынмæ цæуын, ацы афонæй хуыздæр нæй. Ныр кæдæм цæуой æмæ цы кæнон, уый нæ зонын. Æвæццæгæн, фæсарæнты бæсты, уæрæсейаг курорт равзарын хъæудзæн».

Цæгат Ирыстоны 65 адæймаджы бахаудысты ахæм зын уавæры. Республикæйы 12 туристон агентады æмгуыстад кодтой компани «Лабиринт»-имæ. Уый та мæйы райдиан йæ куыст баурæдта. Туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрады арæзт æрцыд оперативон штаб æмæ ацы хъуыддагмæ йæ цæст дары. Ведомствæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй «Лабиринты» путевкæтæ цы 65 адæймаджы балхæдта, уыдонæй цыппæрдæс ныртæккæ сты фæсарæнты. 2-йæн дзы путевкæтæ самал кодта агентад «Лорена-тур». Закъонмæ гæсгæ туристтæн хъуамæ се `хцатæ фæстæмæ радта фæдзæхстадон компани, фæлæ агентад уыцы хæрдзтæ йæхимæ райста.

Цомайты Мæринæ,  туристон агентады разамонæг: «5 азы куыстам туроператор «Лабиринт»-имæ, фæлæ ацы аз ахæм уавæры бахаудыстæм. 2 туристы нæм уыд уыцы операторимæ.
Бахъуыдис нæ дыккаг хатт бафидын, цæмæй ацæуой баулæфынмæ. Ныр нæ зæрдæ дарæм, компани «ВСК»-йын. Нæ гæххæттытæ арвыстам, кæд бафидой, уæд хорз, кæд нæ, уæд та цы гæнæн ис».

Саламаты Иринæйы турфирмæйы зæгъынц, 15 азмæ ацы сезонæй уæззаудæр нæма уыд. Ам дæр бирæ рæстæг æмгуыстад кодтой «Лабиринт»-имæ. Фæлæ фæстаг 2 сезоны æмархайд нал кæнынц. Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй туроператорыл фæгуырысхо сты, сæ æргътæ æгæр аслам кæй уыдысты, уый тыххæй.

Саламаты Иринæ, туристон фирмæйы директор: «Цалдæр тур-операторы фæд-фæдыл банкроттыл нымад æрцыдысты. Бирæ адæм фæсарæнты зын уавæрты баззадысты. Асламдæр тур æнæмæнг хорз нæу. Фæстæдæр улæфыны бынаты сæвзæры зындзинæдтæ. Цæмæй адæймаг ихорз баулæфа, уый тыххæй хъæуы гыццыл фылдæр æхца бафидын».

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм уавæр сæвзæрд туристон бизнесмæ цæст дарыны хъуыддаджы паддзахадмæ фаг бартæ кæй нæй, уый тыххæй. Туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрады фехъусын кодтой, банкротыл нымад чи æрцыд, уыцы туроператорты архайдæй хъыгдард цы субъекттæ баййæфдтой, уыдон кæй бацæттæ кæндзысты Уæрæсейы Хицауадмæ иумæйаг курдиат, цæмæй ацы къабазы куыст бæрæг кæныны мадзæлттæ фæкарздæр кæной.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania