филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:56 воскресенье, 01 февраля 2026
12 июля 2022, 10:24
Ацы сæрд Дзæуджыхъæуы фæндæгтæ цалцæг кæнынц 44 уынджы

Цалдæр хайы куыстытæ фесты

Ивгъуыд къуыри Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы æмбырды бæстон ныхас цыд, горæты фæндæгты цалцæгыл. Уыцы иу рæстæг ахæм парахат куыстытæ фыццаг хатт арæзт æрцыдысты. Уый æнæмæнг къуылымпы кæны автомобилистты змæлд. Куыстытæ кæд фæуыдзысты, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Раст фæндаг ссарын æмæ бирæ машинæтæ кæм ис, уыцы бынатмæ ма бахауын – ахæм хæслæвæрдыл сæрдыгон рæстæг шофыртæ ахуыр сты. Горæты фæндæгтæн се *мбисы бæрц æхгæд куы вæййы, уæд та квесты се ппæт дæр фæархайынц,

Зындзинæдтимæ æмбæлынц фистæгцæуджытæ дæр. Уынгтæ æхгæд кæй сты, уый тыххæй арæх нæ фæзонынц, маршруткæйыл сбадын кæцы æрлæууæны хъæуы, уый. Транспортмæ фæхъæуы фылдæр æнхъæлмæ кæсын.

Ацы сæрд Дзæуджыхъæуы фæндæгтæ цалцæг кæнынц 44 уынджы. Цалдæр хайы куыстытæ фесты. Ивынц трамвайты рельстæ дæр. Ныртæккæ сæ тæмæны сты куыстытæ Штыбы фæзы. Ам дæр хъуамæ баивой асфальт æмæ къахвæндаджы уæлцъар.  Хай сцæттæ уыдзæн 15 июльмæ. Ис, рæстæгмæ къуылымпыдзинæдтæн быхсын цæттæ чи у, ахæм шофыртæ. Администраци рагагъоммæ фехъусын кæны, уынгтæ æхгæд кæй уыдзысты, уый тыххæй.

Ацы аз кæмæ базилдзысты, уыцы фæндæгтæй æппæтæй даргъдæр сты, Ватутины æмæ Ленины уынджы.  Фыццаг хайы фæндаг ныридæгæн гом у. Хæстæгдæр рæстæг куыстытæ райдайдзысты Интернационалон æмæ Байаты Чермены уынгты. Стыр уаццæгтæ не сты, уымæ гæсгæ фæндаггон фонды минæвæрттæ зæрдæ æвæрынц, асфальт нысангонд æмгъуыдмæ ивын кæй фæуыдзысты, уымæй.

Боныахаст куы нæ къуылымпы кæна, уæд куыстытæ фæнд кæнынц фæззæгмæ фæуын. Ног асфальты цъар уыдзæн 6 сантиметры, эксплуатацийæн та гаранти уыдзæн 5 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania