филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
27 мая 2021, 14:19
Ацы сæрд хъæудзæн уæлдай къæрцъхъусдæр уæвын

Уый хауы ихы ныхмæ службæйы куыстмæ

Ацы сæрд хъæудзæн уæлдай къæрцъхъусдæр уæвын. Уый хауы ихы ныхмæ службæйы куыстмæ. Ныридæгæн мигътæ ссурæн кусæнгарзæй спайда кодтой цалдæр хатты. Сезоны дæргъы та мигътæ фехсынц 300 хатты бæрц. Фæлæ ивгъуыд аз уыцы бæрæггæнæн сырæзт дыууæ хатты. Службæйы специалисттæ ацы аз куыд бацæттæ кодтой сæхи, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Мигътæ куыд фæсурæн ис, уыцы сусæгдзинæдттæ иттæг хорз зонынц ихты ныхмæ сæрмагонд къорды. Сæ куыст райдайынц боныхъæды уавæрмæ цæстдардæй.

Арв сыгъдæг у, фæлæ æрцæудзæн тæрккъæвда — ахæм хъусынгæнинаг райстой сæрмагонд пунктæй. Тæссаг циклон æрбацæуы сыхаг регионæй. Ихы мигътæ фесафыны мадзæлтты фæтк æрхъуыды кодтой цыппор азы размæ æмæ йын абоны онг раивæн ницæмæй ис. Техникæйыл дæр уæдæ дзæвгар цæуы. Ис дзы, ссæдз азы сæрты чи ахызт, ахæмтæ дæр æмæ сын сæ уавæрмæ ис бæстон цæстдард. Ихы ныхмæ хæцæнгарз райдыдтой цæттæ кæнын. Мигътæ æхсынц сæрмагонд снарядтæй.

Сезоны дæргъы мигътæ фехсынц æртæсæдæ хатты бæрц. Фæлæ ивгъуыд аз уыцы бæрæггæнæн сырæзт дыууæ хатты. Фарон сæрды уыйбæрц къæвдатæ уыд æмæ снарядтæй спайда кодтой авдсæдæ хатты.

Ацы аз сæрмагонд ифтонгарзæй спайда кодтой цалдæр хатты. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ сæ ацы сæрд хъæудзæнис уæлдай къæрцхъусдæр уæвын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania