30 января 2014, 11:05
Ацы сахат республикон стадион «Спартачы» райдыдта Олимпаг арты эстафетæ
Дзæуджыхъæу у, хъæзтыты символ кæдæм ссыд, уыцы 131-æм горæт. Факел райста Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан. Эстафетæйы архайынц зындгонд спортсментæ
Дзæуджыхъæу у, хъæзтыты символ кæдæм ссыд, уыцы 131-æм горæт. Факел райста Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан. Эстафетæйы архайынц зындгонд спортсментæ Таймазты Артур, Хуыгаты Алан, Бæройты Хасан, Гуæцæлты Хадзымурат, сахъат адæмы реабилитацион центры хицау Цæллагкаты Жаннæ, республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергей, сенатор Тотоонты Алыксандр æмæ æндæртæ. Олимпаг артæн кадгæнæн мадзæлтты фæстæ райдайдзæн концерт.
темæмæ гæсгæ




