филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:07 воскресенье, 22 июня 2025
10 июня 2025, 10:54
Ацы сезоны Дзæуджыхъæуы нысан кæнынц милуан дидинæджы ныссадзын

Ирд зайæгойтæй аивгондц цæуынц горæтмæ бацæуæнтæ æмæ Намысы Мемориал. Георгинæтæ, астрæтæ, амарант

Ацы сезоны Дзæуджыхъæуы нысан кæнынц милуан дидинæджы ныссадзын. Ирд зайæгойтæй аивгондц цæуынц горæтмæ бацæуæнтæ æмæ Намысы Мемориал. Георгинæтæ, астрæтæ, амарант. Ног дидинджыты хуызтæй сфидаудзæн Хетæгкаты Къостайы номыл парк дæр. Аивгæнæн куыстытæм се вæрæн хæссынц горæты цæрджытæ дæр.  Цæрæн хæдзæртты кæртытæй иуы ракалдта дидинæгдон. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.

Ирд æмæ фæлмæн, стыртæ æмæ чысылтæ, фæлæ иухуызон хæрздæф бутонтæ… Владикавказскийы уынджы 43-æм хæдзары кæрт æцæг розарийы хуызæн у. Ам алы подъезды раз дæр ис хи дидинæгдон.

Ахæм рæсугъддзинад фæлдисын та зын нæу, зæгъы Тебиаты Азæ. Сæйрагдæр у, клумбæтæм цы зæрдæйы ахастимæ зилыс, уый. Уымæн æмæ дидинджытæ куы уарзай, уæд уыдон дæр фылдæр сыфтæ балæвар кæнынц. Кæрты аивдзинад у иумæйаг фæллойы хатдзæг.

Сæрды райдианимæ Дзæуджыхъæуы уынгтæ рафæлгæсынц ирд ахорæнтæй. Сæйраг парчы дидинджытæ садзыны рæстæг ныртæккæ йæ тæмæны ис. Цæрджыты æмæ туристты зæрдæтæ райын кæнынц алыхуызон дидинджытæ.

Алы дидинæг дæр, цыма нывгонд у, уый хуызæн. Фæлæ уæддæр адæм фылдæр æргом здахынц уардитæм. Сæйраг парчы чысыл не сты.

Ацы аз Дзæуджыхъæуы ныссаддзысты милуан дидинæджы бæрц. Стырдæр дидинæгдонтæ та уыдзысты горæты æппæтæй ахадгæдæр уаццагты.

Садзæн сезон ахæсдзæн æнæхъæн сæрд æмæ фæуыдзæн фæззæджы райдиан.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania