17 августа 2022, 10:53
Азы кæронмæ Дзæуджыхъæуы трамвайты парк хъуамæ ноггонд æрцæуа
Æфсæнвæндагмæ рацæудзæн ног вагонтæ
Азы кæронмæ Дзæуджыхъæуы трамвайты парк хъуамæ ноггонд æрцæуа. Æфсæнвæндагмæ рацæудзæн ног вагонтæ. Транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы республикон комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй, ныридæгæн, ныхас цæуы нырыккон трамвайтæ самал кæныныл. Ныллæг пъолимæ 30 вагоны, хъуамæ конд уой ацы аз. Цæуа дзы 170 адæймаджы. Алкæцыйы дæр дзы уыдзæн кондиционер, æмæ информаци хæссæг æрмæг, WI-FI, стæй телефон ифтындзынæн техникон гæнæнтæ.
темæмæ гæсгæ




