филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:24 понедельник, 15 декабря 2025
08 мая 2014, 20:13
Бæлццæттæласæн лæггæдты æдасдзинадыл абон ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны парламенты æмбырды

Депутаттæ рахæцыдысты УФ-йы Паддзахадон Думæйы хъæппæрисы фарс, цæмæй маршруттæм нозтджынæй æмæ æнæ æмбæлгæ гæххæттытæй чи рацæуы, уыцы шофыртæ æмæ транспортон компанитæ цæуой карз æфхæрд.

Æрныхас кодтой фистæгæйцæуджыты æдасдзинадыл дæр. Паддзахадон Думæйы депутаттæ бахстой фæндон, цæмæй 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæ изæрыгон сæ уæлæ кæной, изæрыгон рухс чи кæны æмæ дардмæ бæрæг чи дары, ахæм дзаумæттæ.    Бæстон ныхас рауад бæлвырд закъоны проектыл. Хъæппæрисджын къорды уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, æнæ барлæвæрдæй, бирæ адæм кæм архайы æмæ æнæзакъон митингты архайгæйæ, дыккаг хатт барадхъахъхъæнæг оргæнтæ кæй бауромой, уыдоны æфхæрын хъæуы уголовон æгъдаумæ гæсгæ. Депутаттæн сæ фылдæр сразы сты ахæм хъуыдыимæ.

Цæгатирыстойнаг депутаттæ ма хорзыл банымандтой федералон закъоны проект, цæмæй уæлдæр ахуырад фидгæйæ райсын кæй фæнды, уыдонæн дæттой кредиттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania