филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:42 суббота, 21 сентября 2024
07 ноября 2012, 09:29
Бæлццæтты æдасæй ласыны æгъдæуттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл ныхас цыд автоинспекцийы æмбырды

Бæлццæтты æдасæй ласыны æгъдæуттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл ныхас цыд паддзахадон автоинспекцийы æмбырды. Архайдтой дзы цæстдарæн органты минæвæрттæ, æмæ адæмы чи ласы, уыцы транспортон куыстуæтты разамонджытæ.

Бæлццæтты æдасæй ласыны æгъдæуттæ куыд
æххæстгонд цæуынц, ууыл ныхас цыд паддзахадон автоинспекцийы æмбырды.
Архайдтой дзы цæстдарæн органты минæвæрттæ, æмæ адæмы чи ласы,

уыцы транспортон куыстуæтты разамонджытæ.

Ацы аз фæндаггон æгъдæуттæ куыд æмбæлы,
афтæ кæй не ххæст кодтой, уый тыххæй административон æгъдауæй иваргонд
æрцыд 7 мин шофырæй фылдæр. Закъонхæлдтытæ баст сты, транспорт бæлвырд
домæнтæн дзуапп кæй нæ дæтты, уыимæ. Уымæ гæсгæ фæндæгтыл сæвзæры тæссаг
уавæр. 10 мæймæ автобусты архайдимæ республикæйы æрцыд 52 фæндаггон
фыдбылызы. Фæмард дзы 16 адæймаджы, 90-æй фесты цæфтæ. Ныхас ма цыд,
2013-æм азы 1-æм январы цы ног домæнтæ фæзындзæн, уыдоныл дæр. Автобустæ
хъуамæ æххæст уой ГЛОНАССы системæйæ æмæ тахографтæй – машинæты цыдмæ
цæстдарды прибортæй. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй цæгатирыстойнаг
шофыртæ абон ногдзинæдтæм цæттæ не сты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania