филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:40 суббота, 21 сентября 2024
24 сентября 2014, 17:30
Бæрнон кусджытæ бабæрæг кодтой Къесаты Астаны уынджы ног хæдзары арæзтад

Æмбырды фæстæ бæрнон кусджытæ бабæрæг кодтой социалон объекттæ. Цæгат Ирыстоны разамынд æмæ федералон бæрнон кусджытæ Мамсыраты Таймураз, Сергей Степашин, Такъоты Сергей æмæ Константин Цицин абон Къесаты Астаны уынджы сæвæрдтой бирæуæладзыгон хæдзары бындур.

74454
Æмбырды фæстæ бæрнон кусджытæ бабæрæг кодтой социалон объекттæ. Цæгат Ирыстоны разамынд æмæ федералон бæрнон кусджытæ Мамсыраты Таймураз, Сергей Степашин, Такъоты Сергей æмæ Константин Цицин абон Къесаты Астаны уынджы сæвæрдтой бирæуæладзыгон хæдзары бындур. Сæ фæрстытæн сын дзуапп лæвæрдта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Капсулæ, фидæны фæлтæртæм ныстуанимæ, кадджын уавæры сæвæрдта арæзтадон фирмæйы разамонæг Джигаты Марианнæ. Фидæны фондзуæладзыгон хæдзары уыдзæн 120 фатеры. Пъланмæ гæсгæ йæ эксплуатацийы ратдзысты 2015-æм азы декабры. Фæлæ арæзтадон фæзы Мамсыраты Таймураз æмæ Сергей Степашин баныхас кодтой, афæдзы фæстæ ногæй ам фембæлынмæ, ома æмгъуыдæй дыууæ мæйы раздæр. Хæдзар куы саразой, уæд дзы æрцæрдзысты Пугачевы, Керменистты, 8-æм мартъийы, Металлургты, Нартовскийы æмæ Рæмоны фырты номыл уынгты кæлæддзаг хæдзæртты 350 цæрæджы. Программæ кусы республикæйы районты дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania