2 къуыримæ йын фæзынд бирæ радиомæхъусджытæ. Мæскуыйы ирон студентты хъуыды фæцыди республикæйы минæварады зæрдæмæ. Проект «Радио-МОСт» баиу кодта Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты курдиатджын фæсивæды.
2 къуыримæ йын фæзынд бирæ радиомæхъусджытæ. Мæскуыйы ирон студентты хъуыды фæцыди республикæйы минæварады зæрдæмæ. Проект «Радио-МОСт» баиу кодта Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты курдиатджын фæсивæды. Радиомæ байхъусæн ис интернеты, уымæ гæсгæ дунейы цыфæнды ран дæр зонæн ис Ирыстоны цы ног хабæрттæ цæуы, уый, стæй национ музыкæмæ хъусын. Радиойы адæмы зонгæ кæнынц, кæмæй нал пайда кæнæм, ахæм ирон дзырдты нысаниуæгимæ, рагон историтимæ. Иу ныхасæй дзы алцыдæр дзурæг у ирондзинадыл. Хæстæгдæр рæстæг ма дзы фæзындзæн ног рубрикæ дæр. Фæсивæд дзы ныхас кæндзысты Ирыстоны зындгонд адæмимæ. Радиойы уылæнтæ ссарæн ис социалон хызæгты дæр. Уымæй уæлдай кусы чат, æмæ алкæмæн дæр йæ бон у йæ хъуыдытæ æмæ фæндонтæ уым ныффыссын.




