филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:49 среда, 17 декабря 2025
19 марта 2018, 17:11
Бæстæйы президенты æвзæрстыты бон Цæгат Ирыстоны æвзарæн хайадтæ байгом сты аст сахатыл

Респубикæйы уыд æртæ сæдæ цыппор авд æвзарæн хайады. Не сфæлдыстадон къордтæ куыстой республикæйы районты.

Бæстæйы президенты æвзæрстыты бон Цæгат Ирыстоны æвзарæн хайадтæ байгом сты аст сахатыл. Респубикæйы уыд æртæ сæдæ цыппор авд æвзарæн хайады. Не сфæлдыстадон къордтæ куыстой республикæйы районты. Æрæфы æмæ Дыгуры районты куыд цыдысты æвзæрстытæ, уый федта нæ уацхæссæг Сосранты Жаннæ.
Æрæфы районы æвзæрстытæм хуынды гæххæттытæ райстой дыууадæс мины æхсæз сæдæ æртын фараст адæймаджы, куыста дзы дыууын æхсæз æвзарæн хайады. Уыдонæй æхсæз сты хæххон хъæуты. Уыдоны цæрджытæн Президенты æвзæрстыты бон сси æцæг бæрæгбон. Мацутæйы æстай фæндзæм хайады хъæлæс кæнынц Задалескы, Нары, Лезгоры, Доныфарсы цæрджытæ – æдæппæтæй нæуæдз фондз адæймаджы. Алы хайады дæр сарæзтой хиирхæфсæн мадзæлттæ. Адæм хъæлæс кæнынмæ цыдысты хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй. Мацутæйы хистæртæ скуывтой Хуыцаумæ, ракуырдтой сарибар æнæмаст цардаразæг разамонæг. Æвзарæн хайадмæ чи рбацыдис, æмæ чи схъæлæс кодта, уыдон канд сæ граждайнаг хæс нæ сæххæст кодтой. Алчидæр æнхъæлмæ кæсы хорзырдæм ивддзинæдтæм, йæ зæрдæ дары, Уæрæсейы кæй æрбынат кæндзысты сабырдзинад, фарн æмæ бæркад.
Ацы аз Цæгат Ирыстоны æрыгон æвзарджыты нымæц у иннæ азтæй фылдæр. Уæлдай æргом здæхт у, фыццаг хатт чи хъæлæс кæны, уыдонмæ. Дур-Дуры хъæуы æвзарæн хайæдты сыл зæрдиагæй сæмбæлдысты æмæ сын бар радтой сæ хъæлæстæ раттынæн.
Хæствæллад хистæр Цалиты Сафарби дæр йæ азтæм нæ кæсгæйæ, æнæзивæгæй æрбацыд йæ граждайнаг хæс сæххæст кæнынмæ. Æвзарæн хайады йыл зæрдиагæй сæмбæлдысты. Сæ арфæтæй йын бамбарын кодтой, куыд зынаргъ сын у, уый.
Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой музыкалон номертæ æмæ æмдзæвгæтæ. Хъæуы цæрджытæ схъæлæс кæныны фæстæ, зæрдиагæй базонгæ сты сæ кæстæрты сфæлдыстадимæ.

Дигорайы 54-æм хайадмæ æрбацæуджытæ федтой концерт. Сывæллæтты та ирхæфстой аргъæутты бæстæй хъайтартæ – аниматортæ. Фыццаг хатт чи хъæлæс кæны, уыдоны ам дæр нæ ферох кодтой. Парламенты депутат Бердиты Вадим сын арфæйы ныхæсты фæстæ, радта зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Æвзæрстыты бон уæлдай æргом здæхт уыд адæмы æдасдзинадмæ. Алы хайады дæр уыд æфсæйнагсгарæнтæ, видеокамерæтæ. Уæрæсей президенты æвзæрстытæм цæст дардтой æхсæз æппæтдунеон æхсæнадон организацийы. Мин æмæ фондзсæдæ фæсарæйнаг цæстддарæджы æстай авд бæстæйæ скодтой аккредитаци, цæмæй кусой æвзæрстыты фæндзай фараст регионы. Æвзæрстытæ фесты, скодтой хатдзæгтæ канд адæмы хъæлæстæн нæ, фæлæ æвзæрстыты темæимæ баст конкурстæ æмæ мадзæлттæн. Хуыздæртæ æрцыдысты хорзæхгонд.

 
Сосранты Жаннæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania