03 декабря 2013, 11:05
Бæстæйы сæйраг закъоныл 20 азы кæй æххæст кæны, уый кадæн республикæйы Парламенты арæзт æрцыд æмбырд
«Конституцийы ахадындзинад паддзахады рæзты æмæ нырыккон закъонæвæрынады». Бæстæйы сæйраг закъоныл 20 азы кæй æххæст кæны, уый кадæн республикæйы Парламенты арæзт æрцыд æмбырд.

«Конституцийы ахадындзинад паддзахады рæзты æмæ нырыккон закъонæвæрынады». Бæстæйы сæйраг закъоныл 20 азы кæй æххæст кæны, уый кадæн республикæйы Парламенты арæзт æрцыд æмбырд. Архайдтой дзы федералон, республикон æмæ муниципалон структурæты минæвæрттæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты кусджытæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ. Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав бацæттæ кодта доклад Конституцийы историйы æмæ нысаниуæджы тыххæй нырыккон æхсæнады. Цæгат Ирыстоны конституцион тæрхондоны куысты тыххæй радзырдта тæрхонгæнæг Цгъойты Тамерлан. Æмбырды архайджытæ фæнысан кодтой, 20 азмæ конституцимæ ивддзинæдтæ æрмæстдæр 2 хатты хаст кæй æрцыд, уый. Загътой ма, фæсивæды *ргом бæстæйы сæйраг закъон ахуыр кæнынмæ фылдæр раздахын кæй хъæуы, уый дæр.

темæмæ гæсгæ