филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:55 понедельник, 15 декабря 2025
03 января 2014, 11:34
Бæцойты Каринæ цы æрмадзы куысы, уым паддзахиуæг кæны музыкæ æмæ йæ зæрдæйы гуырын кæны уæлмонц æнкъарæнтæ

Æрыгон нывгæнæг сæ рахæссы нывкæнынады кæттагмæ. Йæ куыстытæн фыццаг аргъ скæнынц, цы тутти йæм цæры уый, æмæ йе мбæлттæ. Ноджы ма Бæцойты Каринæ нывкæнынады сусæгдзинæдтыл ахуыр кæны сидзæр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты. Нывгæнæгимæ æрæджы базонгæ не сфæлдыстадон къорд дæр.

Аивад у йæ царды мидис. Бæцойты Каринæ цы æрмадзы куысы, уым паддзахиуæг кæны музыкæ æмæ йæ зæрдæйы гуырын кæны уæлмонц æнкъарæнтæ. Æрыгон нывгæнæг сæ рахæссы нывкæнынады кæттагмæ. Йæ куыстытæн фыццаг аргъ скæнынц, цы тутти йæм цæры уый, æмæ йе мбæлттæ. Ноджы ма Бæцойты Каринæ нывкæнынады сусæгдзинæдтыл ахуыр кæны сидзæр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты. Нывгæнæгимæ æрæджы базонгæ не сфæлдыстадон къорд дæр.

Испайнаг зарæг «Уарзæтты истори» афтæ арв банкъардта Бæцойты Каринæ æмæ сфæнд кодта йе нкъарæнтæ йæ нывты равдисын. Сæрмагонд кæдтагыл цы хуызтæ сарæзта, уыдон дæр раст цыма заргæ кæнынц. Каринæйæн йæ курдиат æрдзæй лæвæрд у. Цы æрмадзы кусы, уый нымайы йæ стыр дунейыл. Ницæимæ йæ ис абарæн, Æм уæлдæф дæр æндæр у, фындзы хуынчъытæ дзы ахсынц ахорæнты тæф, зæрæдæйæ та æнкъарыс æрыгон чызджы миддунейы сусæг æнкъарæнтæ, фенæн сæ ис йæ куыстыты дæр

Каринæ каст фæцис Санкт-Петербурджы университет. Чи зоны цы дæсныйад райста, уый йæ искуы царды бахъæуа. Ныр та уал йæ хъуыдытæ баст сты ирд ахорæнтæ æмæ райдзаст æнкъарæнтимæ.

Бæцойты Каринæ, нывгæнæг: «Хатгай йæхæдæг æрцæуы, цы хуызы æрцæуы, уй райдайын нывкæнын. Мæнæ ацы ныв, лæгтæ дæр. Хатгай куы фæвæйын, уæддæр ма йæм мæхæдæг фæкæсын: «Ай æз æрхъуыды кодтон». Мæ къуыхæвæрд дæр м æ фæнды сæвæрын, фæлæ цыма мæн ныв нау, афтæ мæм фæкæсы. Нæ йæ фембарын кæронмæ. Мæй 2 мæй ы рацæуы, уый фæстæ адæмы фæфæрсын, «Цы хъуыды кæнут ацы нывы тыххæй?» Алы хуызон вæйы».

Бæцойты Каринæйæн Цæгатаг Стыр горæты иу æмæ дыууæ равдысты нæ уыд. Ныртæккæ дæр къуыри 3 боны кусы йæ æрмадзы, иннæ бонты та нывкæныныл ахуыр кæны йæ сывæллæтты. Афтæ хоны сидзæрты хæдзар «Хуры тын»-ы цы 3 куырдиатджын сывæллоны равзæрста, уыдоны. 17-аздзыд Аланы фæнды архитекторыл сахуыр кæнын. Максим Архипов та уарзы ныв кæнын.

Максим Архипов,: «Æз фылдæр уарзын æрдзы нывтæ нывкæнын. Къаддæр та геометрикон фигурæтæ».

Бæцойты Каринæйы проект «Сывæллæтты къухтæй конд ирд дуне» царды рацыд хæлар адæмы æххуыссæй. Уымæй уæлдай ма нывгæнæг ссары рæстæг хуымæтæг сывæллæтты дæр нывкæныныл ахуыр кæнынмæ. Куыд зæгъы афтæмæй, сабитимæ йын ис уæлдай хъарм ахастдзинæдтæ.
 
Бæцойты Каринæ, нывгæнæг: «Сывæллæттимæ цæуы мæ зæрдæмæ кусын. Стæй мæ сæхæдæг дæр бирæ цæуылдæрты ахуыр кæнынц. Æнцонæй цæрынц, мах та цас фылдæр рæзæм, æзтæ нын семæ мА цыдæр уæззаудзинад æфтауынц æмæ æнцонæй цыскæнæн вæййы, уый нæхицæн суаззау кæнæм. Сывæллæттæ афтæ нæ цæрынц, æнцонæй».

Йæ ахуырдзауты нывтæм кæсгæйæ Каринæ загъта Алан кæй суыдзæн дæсны архитектор, фæбæрæг кодта Максимы хъæздыг миддуне. Милана та æнкъары ахорæнты хуызтæ. Æмæ фæнысан кодта фидæны сæ цард кæй уыдзæн ирд ахорæнтау райдзаст.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania