филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:49 воскресенье, 14 декабря 2025
19 августа 2025, 10:41
Бæхты-спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ бацахстой призон бынæттæ Хæдбар паддзахадты æмбалады Кубок рамбулыны ерысты

Архайдтой Элина Мурадьянц, Анастасия Бандурова, Кира Иванова, Арина Луценко æмæ спортсменкæты тренер Хъуысаты Алан

Цæгат Ирыстоны бæхты-спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ бацахстой призон бынæттæ Хæдбар паддзахадты æмбалады Кубок рамбулыны ерысты. Уыдысты Минскы. Цæгат Ирыстонæй дзы архайдтой Элина Мурадьянц, Анастасия Бандурова, Кира Иванова, Арина Луценко æмæ спортсменкæты тренер Хъуысаты Алан. Программæйы уыд 3 хуызы ерыстæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бæхы æууæнчы бацæуын – æнцон хъуыддаг нæу. Ам хъæуы фæразондзинад æмæ аудындзинад. Уыцы æууæлтæ балхæдтой Элина Мурадьянцы бæхы зæрдæ. Иумæ кæд афтæ бирæ рæстæг не сты, уæддæр сын спортивон тандемы бантыст хорз бæрæггæнæнтæ.

Минскы æппæтадæмон турниры сæ арæхстдзинад равдыстой 100 спортивон къайæ фылдæр Уæрæсейæ æмæ Белоруссийæ. Уыдис дзы хæрзиуджыты 11 комплекты. Ерысты программæйы уыд 3 дисциплинæйы: бæхыл рацыд, кросс æмæ конкур. Элина Мурадьянцæй фæстæмæ ма Цæгат Ирыстонæй турниры уыд бæхты-спортивон скъолайы 3 хъомылгæнинаджы. Ерысты архайæг сси сæйраг тренер Хъуысаты Алан дæр. Арина Луценкойы къухы бафтыд бронзæ майдан рамбулын.

Бæхты-спортивон республикон скъолайыл цæуы 100 азы бæрц. Уыцы рæстæгмæ ам ахуыр кæнынц æрмæст профессионалон æгъдауæй бæхыл бадыныл нæ, фæлæ ма сæм куыд зилын хъæуы, ууыл дæр. Спорты ацы хуызы ахсджиагдæр у барæг æмæ йæ цыппаркъахыг æмкъайы хсæн æмархайд. Стыр зæрдæхæлар командæйы хай суæвын ис 9 азæй. Сæйрагдæр у, ацы хъуыддаг уарзын, æмæ размæ æвæрд нысанмæ тырнын.

Не спортсментæ равдыстой, ацы спорты хуымæтæджы кæй не сты. Уый та нысан кæны, разæй сæм ног бæрзæндтæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania