филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:18 воскресенье, 01 февраля 2026
13 января 2020, 12:30
Бæллицтæ æххæстгæнæг Ног азы заз бæласæн сæ зæрдæйы фæндон фехъусын кодтой ольгинскæйаг Персаты бинонтæ

Сæ гыццыл чызг Арнеллæйыл цæуы афæдз æмæ рдæг, æмæ у рынчын

Бæллицтæ æххæстгæнæг Ног азы заз бæласæн сæ зæрдæйы фæндон фехъусын кодтой ольгинскæйаг Персаты бинонтæ. Сæ гыццыл чызг Арнеллæйыл цæуы афæдз æмæ рдæг, æмæ у рынчын. Хъæрзы йæ сины нуæртты низæй. Баххуыс кæнæн ын ис, цалынмæ йыл 2 азы нæ сæххæст уа, уæдмæ. Уымæн та хъæуынц фæрæзтæ – 2 милуан доллары. Уæрæсейы ахæм низæй рынчынты нымæц у 1000 адæймагмæ ввахс. Уыдонæй 70% сты сывæллæттæ.

Йæ алы къахдзæф дæр Арнеллæйæн тынг зынтæй æнтысы, кæд æмæ æппынæдзухдæр йæ мидбылты фæхуды, уæддæр. Хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ гыццыл чызгыл цæуы æрмæстдæр афæдз æмæ рдæг. Фæлæ йын æндæр гæнæн нæй, æмæ йæ цардыл кæны тох. Дохтыртæ йын сæвæрдтой зæрдæнкъуысынгæнæн диагноз – хъæрзы сины нуæртты низæй. Ацы низ у генетикон.

Чысыл Арнеллæ уарзы кафын, æмæ йæ фæфæнды йе фсымæрты фæстæ ралидз-балидз кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, æнæ искæйы ххуысæй минуты бæрц дæр иунæгæй нæ фæлæудзæн. Уæрæсейы ахæм низæй рынчынты нымæц у 1000 адæймагмæ ввахс. Уыдонæй 70% сты сывæллæттæ. 2016-æм азы онг сын æппындæр ницавæр дзæбæхгæнæн мадзæлттæ уыди. Абон та фæзынд нырыккон препарат. Пайда дзы кæнынц Америкæйы иугонд штатты. Процедурæ у тынг зынаргъ – 2 милуан доллары. Уымæй дарддæр ма фæрæзтæ хъуынц иртæстытæн æмæ реабилитацийæн дæр.

Персаты Арнеллæйæн бирæ рæстæг нæй. Афæдзы рдæджы фæстæ йыл сæххæст уыдзæн 2 азы. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ уæд ацы препарат ахадгæ нал уыдзæн. Цы æхца хъæуы сæмбырд кæнын, уыдон чи зоны, æмæ къухы зын бафтгæ сты. Фæлæ се ппæт дæр æууæндæм. Уымæн æмæ ахæм цаутæ ныридæгæн дæр уыди. Чысыл Дима Тишунины истори ныр дæр ма зæрдыл лæууы. Йæ низ сдзæбæх кæнынмæ сыстадысты æнæхъæн бæстæйæ, æмæ йын ног азы агъоммæ сæмбырд кодтой 163 милуан сомы. Афтæмæй ныфс ис Арнеллæйы хæстæджытæм дæр. Æххуысы тыххæй хъусынгæнинаг апарахат кодтой социалон хызты.

Дианæ æмæ Зауырæн ис æртæ сывæллоны. Арнеллæйæ дарддæр ма дыууæ лæппуйы. Æппæты кæстæрыл цæуы цалдæр мæйы. Æфсæддоны бинонтæн ацы бæллæхы ныхмæ хи хъарутæй тох кæнын зын у. Бирæ блогертæ, артисттæ, журналисттæ æмæ хуымæтæг зæрдæхæлар адæм бадардтой се ххуысы къух Персаты бинонтæн. Фæлæ нырма сæ архайд, хъыгагæн, афтæ ахадгæ нæу. Уыцы рæстæг гыццыл чызг, раст цыма йæ алыварс тыхстдзинад уынгæ дæр нæ кæны, афтæ у. Заз бæласы цур лæугæйæ, йæ ныййарджытимæ сæхинымæр хъуыды кæнынц сæ сæйрагдæр бæллицыл. Уымæн æмæ ног азы бæрæгбоны æрцæуынц алæмæты диссæгтæ. Афтæ хъуамæ уа ацы хатт дæр, æмæ Арнеллæйы сдзæбæх кæныны бæллиц дæр хъуамæ сæххæст уа æнæмæнг.

Куыд фæзæгъынц, хæларзæрдæ адæм уæддæр фылдæр сты. Къуыримæ гыццыл чызгæн сæмбырд кодтой, æнæмæнг цы фæрæзты бæрц хъæуы, уымæн йæ 1%. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хæрзгыццыл у, фæлæ Арнеллæйы бинонтæн сæ ныфс нæ сæтты. Алкæмæй фæйнæ æндахы, мæгуырæн хæдон, фæзæгъынц.

Персаты Арнеллæйæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у йæ мад Баситы Дианæйы хыгъдмæ фæрæзтæ бахæссын.

Æфснайæн банчы хыгъды номыр: 5469 6000 3547 6555

Баст у чырæ телефоны номырмæ: +79780561484

Баситы Диана Вадимы чызг (мама)

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania