филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 воскресенье, 01 февраля 2026
29 декабря 2023, 11:42
«Бæллицты заз бæлас» нæ республикæйы æххæст кæнынц 5-æм аз

Уыцы рæстæгмæ барæвдыдтой бирæ сывæллæтты

«Бæллицты заз бæлас» нæ республикæйы æххæст кæнынц 5-æм аз. Уыцы рæстæгмæ барæвдыдтой бирæ сывæллæтты. Сабитæ ныффыссынц сæ бæллицтæ æмæ фенхъæлмæ кæсынц Ног азы диссæгтæм. Ацы аз æдæппæтæй заз бæласмæ бацыдысты 411 курдиаты, уыдонæй сæххæст кодтой 371. Куыд цæуы куыст æмæ цавæр æнкъарæнтæ фæзыны сывæллæттæм, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Уарзондзинадимæ сывæллæттæн. Ног азы агъоммæ республикæйы сабитæн æххæст кæнынц сæ бæллицтæ. Кокайты Георгий фыстæг ныффыста бæллицты заз бæласмæ. Йæ фыстæг схаудта «Движение первых»-ы регионалон хайады Советы сæрдар Саулохты Сæрмæтæн. Ног азы къæсæрыл сывæллоны барæвдауын адæймагæн йæхицæн дæр æхсызгон у – зæгъы Сæрмæт.

Аркъауты Руслан дæр, Георгийы хуызæн йæ бæллицтæ раргом кодта йæ фыстæджы. Фæлæ йæ уый арвыста Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады разамонæгмæ. Æмæ Русланæн дæр йæ фæндон сæххæст. Лæппутæн экскурси сарæзтой нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады куысты бынаты. Бацамыдтой сын, сæрмагонд кусæнгæрзтæй куыд пайда кæнын хъæуы, уый.

7 аздзыд Георгий æмæ 10 аздзыд Руслан сæхицæн фидарæй снысан кодтой, фидæны адæмæн кæй æххуыс кæндзысты, уый. Сæхи уыцы куысты куы бафæлвæрдтой, уæд та ноджы тынгдæр сразæнгард сты.

Ног аз сывæллæттæн æрхæссы цымыдисаг æнкъарæнтæ æмæ æгæрон циндзинад. Уыимæ хъæппæрисджын адæмы руаджы сæххæст вæййынц сæ бæллицтæ дæр. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг уравленийы хицау нæ республикйы Александр Хоружий сывæллæттæн хорз æнкъарæнтæй уæлдай балæвар кодта хъазæнтæ æмæ адджинæгтæ.

Уæдæ хъæппæрисджын адæм ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Абалц кодтой республикæйы районтæм дæр, цæмæй сывæллæтты барæвдауой, уый тыххæй. Зæрдæ дарынц, Ног азмæ фыстæджытæ чи ныффыста, уыдоны алкæйы бæллиц сæххæст кæнын дæр сын кæй бантысдзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania