19 сентября 2019, 12:45
Бæлцæттæ ласæн транспорты салонты ныффысдзысты пъæлицæйы æууæнчы телефоны номыртæ
Ахæм бардзырд рахастой республикæйы наркотикты ныхмæ къамисы æмбырды
Бæлцæттæ ласæн транспорты салонты ныффысдзысты пъæлицæйы æууæнчы телефоны номыртæ. Ахæм бардзырд рахастой республикæйы наркотикты ныхмæ къамисы æмбырды. Уыцы мадзалы фæрцы хъуамæ æнцондæр сбæрæг кæнæн уа, нозтджын, науæд та наркотикты хъæстæ чи фæцис, уыцы шофырты. Бæлццæтты хъæудзæнис æрмæстдæр дызæрдыггаг цауты тыххæй фехъусын кæнын. Дарддæр хъуыддаг равзардзысты барадхъахъхъæнæн оргæнтæ.
темæмæ гæсгæ




