Уæлдай тынгдæр æхсæнадон траснпорты фарста лæууы Рахизфарсы æмæ Алагиры районты
Бæлццæттæн æмбæлгæ уавæртæ. Уæлдай тынгдæр æхсæнадон траснпорты фарста лæууы Рахизфарсы æмæ Алагиры районты. Ацы аз, национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, муниципалон балцытæн самал кодтой 99 ног автобусы. Уæвгæ, фæстаг æртæ азмæ активонæй куыст цæуы ног транспорт самал кæнынæн, – загъта транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы Комитеты сæрдар. Фæстаг æртæ азмæ балхæдтой 212 транспортон фæрæзы. Уый трамвайты вагæттæ нæ нымайгæйæ. Уыдон сты 28 вагоны. Алы райсом районты центрæй Дзæуджыхъæумæ æрбацæуы сæдæгай адæймæгтæ. Иутæ куыстмæ фæтагъд кæнынц, иннæтæ – ахуырмæ, æмæ афтæ дарддæр. Алагиры районæн æххæстæй лæггад кæны Автоколонна 1210, ома паддзахадон транспорт. Æрæфы æмæ Дыгуры районтæм та ныртæккæ кусынц астæуккаг къласы автобустæ. Ног транспорт кæй самал кодтой, уый иу, фæлæ ма стыр æргом здæхт цæуы бæлццæттæн æмбæлгæ уавæртæ аразынмæ. Автобустæ дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн. Ис дзы терминалтæ, тахограф, видеоцæстдарды системæ, стæй инвалид адæмæн сæрмагонд бынæттæ. Автопарк кæй фæфылдæр, уымæ гæсгæ фæкъаддæр транспортмæ æнхъæлмæ кæсыны мгъуыд. Хæстæгдæр рæстæг ма ног автобустыл цæуын райдайдзысты Елхоты цæрджытæ дæр.




