филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 воскресенье, 01 февраля 2026
08 декабря 2023, 11:28
Бæлццон Никита Шакиров ссыди Дзæуджыхъæумæ

Кæд ыл 24 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр ын бантыст 58 бæстæйы, стæй Америкæйы Иугонд Штатты 27 штаты бабæрæг кæнын

Бæлццон Никита Шакиров ссыди Дзæуджыхъæумæ. Кæд ыл 24 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр ын бантыст 58 бæстæйы, стæй Америкæйы Иугонд Штатты 27 штаты бабæрæг кæнын. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ 58-æм бæстæ уыд Хуссар Ирыстон. Никитæ ахизы мингай километрты сæрты, раст цыма арæнтæ нæ уыны, афтæ. Уæлдай æргом здахы сыгъдæг бынæттæм. Ирыстоны тыххæй фыццаг хатт фехъуыста Кубæйы, Гаванæйы аргъуаны сæргълæууæг Гаглойты Саввæйæ. Афтæмæй ссыд Дзæуджыхъæумæ. Бæлццоны тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æнæ æхцайæ, æнæ рагагъоммæ зонгæтæй, фæлæ йæ бæллиц кæй сæххæст уыдзæн, уый ныфсимæ. Афтæмæй 24-аздзыд Никита Шакиров бабæрæг кодта 58 бæстæйы. Ирыстонæй йемæ аласдзæн ног æнкъарæнтæ, кæд чысыл фæрынчын, уæддæр. Дзæуджыхъæуы æрыгон бæлццон радзырдта, йæ фыццаг балцмæ йæ ныфс куыд бахаста, æмæ йæ бон æрлæууын куыд нал бацис, уый тыххæй.

Зындзинæдтæй Никита никуы тарст. Уæвгæ, йæ царды зындæр уавæртæ уыди. 8 азы йыл куы цыдис, уæд æй Донæскъæфæнты агъоммæ бон, машинæ скъуырдта. Лæппу уæд тыххæй аирвæзти. Уый фæстæ бирæ рæстæг йе *нæниздзинад дзæбæх кодта. Уæд йæ уырнындзинад Хуыцауыл фæтыхджындæр.

Маршрут Индонези-сакъадах Явæ-БАли- Малайзи-Тайланд-Камбоджа-Вьетнам-Лаос-Китай – автостопæй æмæ азиаг æвзаг нæзонгæйæ. Æхсæвиуат кодта зæрдæхæлар адæммæ, пляжты æмæ ма суанг пъæлицæйы хайæдты дæр. Уыдæтты тыххæй Никита дзуры йæ кинонывты æмæ социалон хызты видеоæрмæджыты. Хъарм бынæттæй Никита абалц кодта Скандинавимæ.

Ног бынæттæ, ног æнкъарæнтæ, ног зонгæтæ. Никита куыд зæгъы, афтæмæй æмбæлыд алыхуызон адæмыл, æмæ уый цæрæн бынатимæ баст никуыд у. Ирыстоны тыххæй фехъуыста Кубæйы уæвгæйæ сауджын Гаглойты Саввæйæ. Афтæ Хуссар Ирыстон Никита Шакировы номхыгъды сси 58-æм бæстæ. Уырдыгæй та æрбацыд Дзæуджыхъæумæ.

Ууыл Никита Шакиров не *рлæудзæн. Дарддæр абалц кæнын фæнд кæны Монголийырдæм.

Ныфсхасдзинад у бæлццоны сæйраг миниуæг. Никита Шакировы фидарæй уырны, бæллиц сæххæст кæнынмæ хъæуы кæддæриддæр тырнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania