филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
25 ноября 2021, 13:48
Бæлвырд куыд у, афтæмæй коронавирусы пандемийæ адæмы цардархайдмæ бахаста йæхи ивддзинæдтæ

Сæрмагонд фæтк тынгдæр фæзынди карджын адæмы

Бæлвырд куыд у, афтæмæй коронавирусы пандемийæ адæмы цардархайдмæ бахаста йæхи ивддзинæдтæ. Сæрмагонд фæтк тынгдæр фæзынди карджын адæмыл. Афтæ, скъолаты, 65 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы ахуыргæнджыты бахъуыди рынчыны гæххæттытæ райсын. Сæ бæсты та уал кусынмæ рбацыдысты педагогон ахуыргæнæндæтты хистæр курсыты студенттæ. Ацы хъуыддаг сырæзыд сæрмагонд программæйы фæрцы, æмæ хорзырдæм фæзынд скъолаты ахуырадон системæйыл. Хæтæлдоны скъолайы дæр разы сты, цы ног ахуыргæнæг сæм æрбацыди, уый архайдæй. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Кæсыны урок Хæтæлдоны скъолайы. Ахуырдзаутæн дзурынц мырты, дзырдбæстыты æмæ ныхасы хъæды фæткы тыххæй. Цалынмæ сывæллæттæ кæсын ахуыр кæнынц, уæдмæ ахуыргæнæг та йæ фæлтæрддзинадыл æфтауы.

Гæбуты Жаннæ нырма у колледжы студенткæ. Кусынмæ рацæуын æй бахъуыди, ахуыр нæма фæци, афтæмæй. Йæ нысан та у, скъолайæн баххуыс кæнын, пандемийæйы аххосæй карджын ахуыргæнджытæ ныртæккæ кæй нæ кусынц, уымæ гæсгæ дзы педагогтæ нæ фаг кæны.

Сывæллæттæм хъæуы уæлдай цæстæнгас, алкæимæ дæр дзы хицæнæй кусын у ахджиаг. Жаннæйæн сабиты зæрдæтæм фæндаг ссарын кæй бантыст, уый бæлвырд у.  Рæзгæ фæлтæры цæстæнгас у хъæлдзæг, дзуæппытæ дæттынц разæнгардæй, æххæст кæнынц сæ хæслæвæрдтæ. Ахуыргæнæг зæгъы, йæ ахуырдзаутимæ цыбыр рæстæгмæ кæрæдзийы бамбæрстой æмæ сахуыр сты. Ахæм уавæры та уроктæ свæййынц зонындзинæдты дунемæ балцы хуызы.

Ахуыргæнджыты бæсты студентты æргом куыстмæ здахыны программæ Хæтæлдоны скъолайæн хорз баххуыс. Уæлдай æхсызгондæр та у, скъоламæ Гæбуты Жаннæйы хуызæн æвзонг, фæлæ уыцы-иу рæстæг арæхстджын æмæ куыстуарзон фæсивæд кæй цæуы, уый.

Ахæм кадртæ ауадзæн нæй, зæгъы, скъолайы разамынд. Ныртæккæ уал Гæбуты Жаннæ кусы ахуыргæнæджы бæсты. Фæлæ скъолайы директор зæгъы, æххæст ставкæйы кусынмæ райсынмæ йæ цæттæ кæй сты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania