филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 воскресенье, 01 февраля 2026
27 декабря 2019, 17:00
Бæрæгбæтты рæстæг адæмы æдасдзинад у æппæты фыццаградон хæс

Ног азы бæрæгбæтты размæ базарадон-ирхæфсæн центр «Алания Молл»-ы ацыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады ахуыртæ

Бæрæгбæтты рæстæг адæмы æдасдзинад у æппæты фыццаградон хæс. Ног азы бæрæгбæтты размæ базарадон-ирхæфсæн центр «Алания Молл»-ы ацыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады ахуыртæ. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыди лифты шахтæйы, 30 квадратон метрыл. Фыццаг зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ æрбацыдысты æвæстиатæй. 50 адæймаджы æмæ техникæйы 11 иуæджы архайдтой практикон ахуырты. Ирвæзынгæнджыты иумæйаг архайды фæрцы, адæм æдас ранмæ конд æрцыдысты афоныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania