филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:08 воскресенье, 28 апреля 2024
15 июня 2023, 11:43
Бæтæхъойыхъæу æмæ Зилгæйы хсæн фæндаггон фыдбылызы цы сывæллæттæ бахаудысты, уыдоны цард æмæ æнæниздзинадæн тæссаг нæу

Афтæ фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан

Бæтæхъойыхъæу æмæ Зилгæйы хсæн фæндаггон фыдбылызы цы сывæллæттæ бахаудысты, уыдоны цард æмæ æнæниздзинадæн тæссаг нæу. Афтæ фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, бæлццæттæ ласæн маршрутон такси  тыхджын къæвдаты дæттæ ахастой сæ разæй, æмæ уый аххосæй  ахауд фæндагæй, стæй сфæлдæхт. Иу сылгоймаг дзы фæмард. Микроавтобус цыди Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ. Иннæ бæлццæттæн бантыст «Газель»-æй рахизын. Фæлæ, ламидæттæ абухгæйæ кæй цыдысты, уымæ гæсгæ, сæ бон фæндагмæ бахæццæ уæвын нæ уыди. Ирвæзынгæнджытæ 15 адæймаджы скодтой эвакуаци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania