филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:32 понедельник, 15 декабря 2025
11 сентября 2019, 13:04
Бахъахъхъæнæм нæ фыдæлты хæзнатæ

Уыимæ, сын архайынц сæ раздæры хуыз бахъахъхъæныныл.

Нæ рагфыдæлты традицитæ æмæ æгъдау, культурæ æмæ архитектурон хæзнатæ бахъахъхъæнын, ахæм нысанимæ æрбамбырд ис фæсивæд æмæ дысфæлдæхтæй бавнæлдой фыдæлтыккон мæсгуытæ цалцæг кæнынмæ. Уыимæ, сын архайынц сæ раздæры хуыз бахъахъхъæныныл. Ахæм уыд сæ хистæрты ныстуан. Ныртæккæ сты Цымытийы. Куыд кусынц, уый федта не сфæлдыстадон къорд дæр. Æмæ ныхасы бар Моргуаты Ладæйæн.

Цæмæй фидæны фæллой хъазуатон æмæ бæркадджын уа уый тыххæй ацы адæм скуывтой æмæ райдыдтой кусын. Фæсивæдон къорд æрæмбырд сты Цымытийы. Царды сæ алæкæмæ дæр ис йæхи дæсныйад,фæлæ сæ иу кæны рагон кувддонтæ сног кæныны нысан.

Рагæй дæр Ирыстонæн ацы бынат нымад у зæдты бынатыл. Ам сæхи фæдзæхсынц æмæ дзы исынц хъару æмæ тых, чи æрбацæуы, уыдон хъуамæ сæхи дарой уæздан, уой хиуылхæцгæ. Уымæ гæсгæ дзы сфидар кодтой зæрдылдарæн сæрмагонд нысантæ, цæмæй туристтæ рæдыд ма бауадзой

Эксперттæ куы радзырдтой, афтæмæй куывддоны рацæрæзт райдыдта хистæрты уынаффæмæ гæсгæ. Уимæ сын бафæдзæхстой цæмæй сæ зæрдыл æрлæууын кæной раздæр куыд уыд уый. Удварны бынаты нæ уыд карз нозт нуазын æмæ уыцы фæтк æххæст кæнын хъæуы абон дæр.

Абон Цымытийы бындурон цæрæг нал баззад, адæм æрцардысты быдыры хъæуты. Фæлæ Бызыккаты Таймуразæн кувддоны рацарæзт у кады нысан. Ардыгæй сты йæ фыдæлтæ, ам хæстæг ис сæ мыггаджы мæсыг дæр.

Ногæй рацарæзын кæй хъæуы ахæм мæсгуытæ æрмæст Куыртатты комы ис 70-мæ хæстæг, базылдысты уал 10-мæ, фæлæ ма хъуы бирæ куысын. Æрыгон адæм цæттæ сты национ традицитæ бахъахъхъæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania