филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:41 воскресенье, 01 февраля 2026
03 ноября 2022, 11:51
Баххуыс кæнæм иумæ

7 аздзыд Тимур Баратаевæн дыууæ азы размæ специалисттæ сæвæрдтой диагноз – Кроны низ

Баххуыс кæнæм иумæ. 7 аздзыд Тимур Баратаевæн дыууæ азы размæ специалисттæ сæвæрдтой диагноз – Кроны низ. Сывæллонæн баххуыс кæныны бон у Стамбулы дохтыртæн. Уым кусы немыцаг клиникæйы филиал. Фæлæ ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн бирæ рæстæг нæй. Тимуры сдзæбæх кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæнын хъæуы 10-æм ноябры онг. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.

Ахæм бонтæ бирæ нæ вæййы, 7 аздзыд Тимур хъазынæн тыхтæ куы ссары, уæд. Æмæ уæд йæ мад Альбинæйы цинæн кæрон нал вæййы. Лæппу рынчын у Кроны низæй. Хъыгдард у йæ ставд тъанг. Дыууæ азы размæ Тимурæн йæ тæвд схызти, туг нал уырæдта. Фыццаг педиатр æвæстиатæй сæвæрдта диагноз – Кроны низ, фæлæ йæ рынчындоны райдыдтой æндæр низ дзæбæх кæнын.

Тимурæн айстой йæ тъанджы æфхæрд хай. Лæппуйæн уатагъд фенцондæр, йæхи хуыздæр æнкъарын райдыдта. Фæлæ та дыууæ мæйы фæстæ йæ раздæры уавæрмæ рцыд. Дыууæ азмæ Тимурæн Мæскуыйы скодтой 9 операцийы. Фæстаг хатты фæстæ Альбинæйæн загътой, Уæрæсейы æндæр гæнæн ницыуал ис.

Æмæ уæд райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци. Квотæмæ гæсгæ Германимæ ацæуæн нал ис. Немыцаг дохтыртæ сын фехъусын кодтой, сæ клиникæйы филиал кæй ис Стамбулы, фæлæ лæппуйы сдзæбæх кæнынæн бинонтæн бафидын хъæудзæн сæхи. Уыимæ хыгъд сæхгæнын хъæуы 10-æм ноябры онг.

Бинонтæ алыхуызон фондтæм курдиæттæ бæргæ æрвыстой, фæлæ уæрæсейаг организацитæн фæсарæйнаг клиникæтимæ ныртæккæ тынг зын кусæн у. Ацы хъуыддагмæ се ххуысы хай бахаста Персаты Арнеллæйы фонд. Хаст æрцыд уынаффæ – æхца Альбинæйы хыгъдмæ æмбырд кæнын.

Персаты Арнеллæйы фондимæ ма се ххуысы къух бадардтой сывæллоны бартæ хъахъхъæнæг Кокайты Артур, стæй æхсæнадон кусджытæ. Къуыримæ сын бантыст фæрæзты фылдæр хай сæмбырд кæнын. Афтæмæй сæм 1-æм ноябрьмæ ис 702 мин сомы.

Ныртæккæ Баратаевты бинонты фæхуыдтой санаторий Тæмискъмæ. Тимурæн уый у тынг ахсджиаг, уымæн æмæ йемæ кусы психолог. Адæмы хсæн куы вæййы, уæд йæ рыст нæ равдисы. Альбинæ та нын равдыста, алы бон йæ фырт цы хостæ фæнуазы, уыдон. Хатгай иу бонмæ сæнæфсиры пуцалæй фылдæр ницы бахæры. Йæ бон нæу. Тимуры фарсмæ æппынæдзухдæр йæ хорз æмбал, хо Раминæ. Йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ йемæ вæййы алы рынчындоны дæр.

Ахæм хуымæтæг, фæлæ уыцы-иу рæстæг тынг зын сæххæстгæнæн бæллицтæ. 5-æм ноябры Тимур Баратаевыл сæххæст уыдзæн 8 азы. Æмæ се ппæты дæр фидарæй уырны, йæ зæрдиаг фæндтæ кæй сæххæст уыдзысты, уый. Æрмæст не ппæты дæр хъæуы баххуыс кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania