Нæ республикæйы номæй æппæтцæдисон арæзтады архайдтой бирæ адæм
Байкалæй амурмæ стыр фæндаг аразын куы райдыдтой, ууыл ацы аз æххæст кæны 50 азы. Уæвгæ, райдыдта ивгъуыд æнусы 30-æм азты кæрон, фæлæ сæйраг куыстытæ райдыдтой 1974-æм азы. Байкало-Амурская магистраль кæй хонынц, уый ныртæккæ дæр нымад у нæ бæстæйы сæйрагдæр транспортон артерийыл. Цæуы Иркутскы æмæ Амуры облæстты, Фæсбайкалы æмæ Хабаровскы крайты, Бурятийы æмæ Якутийы. Сæйраг фæндаджы дæргъ у 4287 километры. Нæ республикæйы номæй æппæтцæдисон арæзтады архайдтой бирæ адæм. Ацы бонты æмбæлынц кæрæдзиимæ æмæ дзурынц сæ мысинæгтæ. Егъау проекты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Хъæрмуд фембæлд æмæ цины æнкъарæнтæ… Дзадзиты Аслæнбег æмæ Михаил Меркулов кæрæдзи нæ федтой 30 азæй фылдæр. Ныр сæ цæстыты раз ауадысты се взонджы бонтæ, зæрдыл æрлæууыдысты сæ мысинæгтæ. Сæхимæ гæсгæ тынг нæ аивтой, ныр дæр цыма ахæм æрыгæттæ сты, афтæ. Байкалæй Амурмæ фæндаг аразынмæ ацыдысты иумæ. Уым райдыдта сæ фидар хæлардзинады истори. Раст цы фæндаг арæзтой, уый хуызæн фидар.
Уый фæстæ æрыздæхтысты Усть-Илимскмæ. Фæстæдæр та райдыдтой хъæды хæдзарады кусын. Иу бригад хъæд сыгъдæг кодта, иннæ та йæ бынаты арæзта целлюлозон комбинат. Уыцы фæллойы бонтæ Аслæнбег æмæ Михаил хорз хъуыды кæнынц.
Магистралы проектыл бакуыстой ивгъуыд æнусы 70-йæм азты райдиан. Уæдæй фæстæмæ арæзтады бацархайдтой нæ бæстæйы æппæт регионты минæвæрттæ. Уæд бирæ тыхтæ хъуыд. Уымæн æмæ канд ног æфсæнвæндаг нæ арæзтой, фæлæ, зæгъæн ис, æмæ ног цард.
Байкалæй Амурмæ фæндаг уыд Советон Цæдисы æппæтæй егъаудæр проект. Уыцы куысты цас адæм архайдтой, уый ныртæккæ зын зæгъæн у. Фæлæ фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ алкæйы царды дæр ацы арæзтад ныууагъта ирд фæд æмæ æнкъарæнтæ.
Дзадзиты Аслæнбег æмæ Михаил Меркулов уыцы азтæ нымайынц сæ царды амондджындæр рæстæгыл. Кæд уæззау куыст кодтой, уæддæр хæлар ахастдзинæдтæ уыдысты ахсджиагдæр. Æмæ куыд нæ у æхсызгон уыцы хъуыддаг æмбарын – де вæрæн кæй бахастай райгуырæн бæстæйы рæзтмæ, уый.




