филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:54 среда, 17 декабря 2025
08 мая 2018, 12:35
Балтайы арæзт æрцыд альпинизмæй чемпионат

Ерысты архайджытæ бирæ хæхтæ федтой, фæлæ ацы хатт фæлтæрдджын спортсментæн бацæттæ кодтой цымыдисаг фæлварæн – æппæтæй уæззаудæр трассæтæ.

Балтайы арæзт æрцыд альпинизмæй чемпионат. Ерысты архайджытæ бирæ хæхтæ федтой, фæлæ ацы хатт фæлтæрдджын спортсментæн бацæттæ кодтой цымыдисаг фæлварæн – æппæтæй уæззаудæр трассæтæ. 1945-æм азæй фæстæмæ сыл ничи ма схызт. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хæхтæй хуыздæр сты æрмæстдæр Кавказы хæхтæ. Афтæ зæгъынц, Цæгат Ирыстонмæ Уæрæсейы алы регионтæй цы альпинисттæ ссыдысты, уыдон. Сæ нысан у, ног бæрзæндтæм схизын. Се ‘ппæтæй бæрзонддæр æмæ тагъддæр схизын хæлæрттæ Анастасия Козловайæн æмæ Дарья Серповайæйæн æнцон хæс нæу. Сты Ярославлæй. Ахæм стыр чемпионаты фыццаг хатт архайынц.
Чемпионат æрæмбырд кодта 60 архайæгæй фылдæры, æрмæст Уæрæсейæ нæ, фæлæ ма фæсарæнтæй дæр. Бацæттæ сын кодтой 30 маршруты. Æппæтæй даргъдæр у – 380 метры.
Чемпионаты æппæтæй æрыгондæр архайæгыл цæуы 18 азы. Ныридæгæн схызт дæсгай маршруттыл. Ерыс кæнынмæ йæхи бирæ рæстæг цæттæ кодта.
5В, 6С, 6А – маршрутты категоритæ. Æппæтæй уæззаудæр фæндагыл чи ацæуа, уый райсдзæн призы фонд – 420 мин сомы.
Чемпионат арæзт æрцыд Балтайы. Ацы бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ам 1945-æм азы æрыгон лæппутæ Орджоникидзейæ Иван Антонович и Алексей Золотарев скодтой Реданты къæдзæхты хæххон рельефыл тагъд ахизыны фыццаг эксперименттæ. Æмæ 2 азы фæстæ альплагерь «Алибек»-ы арæзт æрцыд Советон Цæдисы фыццаг официалон чемпионат. Ныры архайджыты дæр афтæ бахъæудзæн банкъарын æнæзонгæ хæхтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania