филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:30 пятница, 10 мая 2024
01 марта 2013, 19:01
Балтайы астæуккаг скъолайы арæзт æрцыд сæрмагонд акци

Абон у наркотикты ныхмæ тох кæныны æппæтадæмон бон. Уый тыххæй Балтайы астæуккаг скъолайы арæзт æрцыд сæрмагонд акци. Ахуырдзаутæм уазæгуаты æрбацыдысты медицинон профилактикæйы центры, сывæллæтты 2-æм поликлиникæйы æмæ республикон наркологон диспансеры дохтыртæ.

Скъоладзаутæн сæ бон уыд сбæлвырд кæнын нервыты, цæстыты уавæр, туджы сæкæры бæрц цас у, уый. Сывæллæттæн ма радзырдтой, наркотиктæ цы зиан хæссынц, уый тыххæй. Хъыгагæн, республикæйы ацы фарста тынг ахсджиаг у. Кæд наркодиспансеры хыгъды ис 3 мин адæймаджы бæрц, уæд æнæофициалон статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ сæ нымæц у 10 хатты фылдæр, зæгъынц дохтыртæ.

Дриаты Джемал, медицинон профилактикæйы республикон центры дохтыр: «Райдайынц 15 азæй уæлæмæ сывæллæттæ кæрæдзимæ гæсгæ уыцы æвзæр хабар. Цæмæй йæ зоной, уый тыххæй сын æмбарын кæнæм, уый куыд æвзæр, цæмæй сæм сæ ныййарджытæ дæр кæсой. Уыдон фенхъæлынц, æххормаг нæу, дзаумæттæ йыл ис, æмæ иннæ хабæрттæй хызт у. Фæлæ гыццылæй фæстæмæ архайын хъæуы, цæмæй сæ цард рæсугъд уа, ма фæкъуылымпы уой. Уый тыххæй хъуамæ тох кæнæм æрмæст мах нæ, фæлæ адæм сæхæдæг. Сывæллæттæ дæр æй хъуамæ зоной, æмæ уый æмбарын кæнæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania